28 сентября 2022, 11:29
Ирыстоны мыггæгты советтæ бафыстой кады кодекс «Фæдзæхст»
Йæ саразыны хъуыды фæзынд Мæздæджы «Стыр Ныхас»-ы хайадмæ
Фидæны фæлтæрты бастдзинадыл сæ хъуыды. Ирыстоны мыггæгты советтæ бафыстой кады кодекс «Фæдзæхст». Кадджын мадзалы агъоммæ æппæт уазджытæн æвдыст æрцыд спектакль «Кæнгæ æфсымæртæ». Адæмы цурмæ дзы хаст цæуы ирон адæмы культурæ, æнусты сæрты цы фæтк æмæ æгъдæуттæ ныффидар сты уыдон. Сæ бындурыл арæзт æрцыд кады кодекс дæр. Йæ саразыны хъуыды фæзынд Мæздæджы «Стыр Ныхас»-ы хайадмæ. «Фæдзæхст2-ы фæрцы хъуамæ кæстæрты æргом здæхт æрцæуа фыдæлты æгъдæуттæ æмæ нæ адæмы хаттæн зынаргъ хъуыддæгтæм. Мадзалмæ, Ирон Академион теартмæ, æрбацыдысты 80 мыггагæй фылдæры минæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ




