филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:29 воскресенье, 29 сентября 2024
27 декабря 2012, 09:26
«Ирыстоны намысы» майдадæй хорзæхгонд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарби

Кадджын хæрзиуæг сæмбæлд йæ хицауыл. «Ирыстоны намысы» майдадæй хорзæхгонд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, дзырддзæугæ хистæр Цалиты Сафарби.

Фыдыбæстæйы тугуарæн хæсты фæндæгтыл кæрæй-кæронмæ чи фæцыд

Кадджын хæрзиуæг сæмбæлд йæ хицауыл. «Ирыстоны намысы» майдадæй хорзæхгонд

æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, дзырддзæугæ хистæр Цалиты Сафарби.

Фыдыбæстæйы тугуарæн хæсты фæндæгтыл
кæрæй-кæронмæ чи фæцыд, йæ зындзинæдтæ йын искæй ныхæстæй чи нæ зоны,
уыцы Цалиты Сафарби цин кæны йæ радон кады нысаныл. Йæ риу дзаг у, иу
иннæмæй ахсджиагдæр, ахæм майдантæ æмæ ордентæй, фæлæ Сафарби цыма йæ
цæрæнбонты ацы хæрзиуæгмæ æнхъæлмæ каст, афтæ æхсызгон ын у йæ райсын.
Йе мбæлттæ йæ зонгæтæ куыд зæгъынц, афтæмæй уымæн æнæ уæвæн дæр нæ уыд.

Зæнгионты Георгий, ветеран: «Сафарбийы
хуызæн æвæрæн йæ хъæуы райрæзтæмæ ничи ма бахаста. Йæ фæрцы нæ хъæуы
фæзындысты цалцæггонд уынгтæ. Фæстаг азты та кусы, стыр уæлахизы
сæраппонд йæ цард чи радта, уыдонæн хъæуы цыртдзæвæнтæ сæвæрыныл».

Ирыстоны ветеранты советы сæрдар
Къаболаты Солтан тынг зæрдиагæй арфæйы ныхæстимæ сæмбæлын кодта
«Ирыстоны намысы » майдан Цалийы-фыртыл. Уырны йæ бирæ азты ма семæ
кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладыл кæй кусдзæн уый.

Сабеты Виктор: РЦИ-Аланийы ветеранты
советы сæрдары хæдивæг: «Куыннæ хъуамæ саккаг кодтаиккой ахæм хæрзиуæг
Сафарбийæн. Уый йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ цы диссаг хъæугæ куыстытæ кæны,
уыдон бирæтæн фæзминаг сты. Бузныг зæгъын нæ республикæйы хицауадæн».

Сафарби хæсты хабар куы фехъуыста, уæд
ма кæд æрыгон уыд, уæддæр зынтæй нæ фæтарст. Фыдыбæстæ знагæй
хъахъхъæнгæйæ, хъуыды кодта æрмæстдæр уæлахизыл, сомбоны кæстæртæн
рæсугъд цард саразыныл.

Цалити Сафарби, Фыдыбæстæйы стыр хæсты
ветеран: «Ничи у абон рох. Уыцы æвирхъау хæсты уæлахизмæ æвæрæн чи
бахаста, уыдонæн рох кæнæн нæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania