филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:23 воскресенье, 29 сентября 2024
11 сентября 2014, 17:03
Ирыстоны намысы майдантæй хорзæхгонд æрцыдысты, Украинæйы скæсæйнаг хайы æфсæддон операциты чи архайдта, ахæм 10 цæгатирыстойнаджы

Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты æфсæддонты фарсмæ чи балæууыд, уыдоны схорзæх кæныны тыххæй сæрмагонд указ бафыста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Æртæ бархионы майдантæй хорзæхджын æрцыдысты, сæ амæлæты фæстæ,

Ирыстоны намысы майдантæй хорзæхгонд æрцыдысты, Украинæйы скæсæйнаг хайы æфсæддон операциты чи архайдта, ахæм 10 цæгатирыстойнаджы
Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты æфсæддонты фарсмæ чи балæууыд, уыдоны схорзæх кæныны тыххæй сæрмагонд указ бафыста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Æртæ бархионы майдантæй хорзæхджын æрцыдысты, сæ амæлæты фæстæ, – фыст ис республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады интернет-сайты. Се хсæн – июлы Луганскы бынмæ чи фæмард, уыцы Терчы хъазахъхъаг æфсады атаман Владимир Костионов æмæ Кировы хайады хъазахъхъаг Æгайты Æхсар. Нæ республикæйы Сæргълæууæг иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта йæ хъуыдытæ ирыстойнаг бархионтæ Украинæйы кæй сты, уый тыххæй. Стæй сæ фарс кæй хæцы, уый тыххæй дæр дзырдта уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania