филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 суббота, 28 сентября 2024
30 декабря 2020, 11:49
Ирыстоны сабитæ та радон хатт райстой лæвæрттæ Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабæй

Уый æрвылаз барухс кæны мингай сабиты зæрдæтæ йе рхъуыдыдзинадæй

Ирыстоны сабитæ та радон хатт райстой лæвæрттæ Паддзахадон Думæйы депутат, хæрзаудæн фонд «Фарн»-ы бындурæвæрæг Мæхъиты Зурабæй. Уый æрвылаз барухс кæны мингай сабиты зæрдæтæ йе рхъуыдыдзинадæй. Лæвæрттæ скодтой республикæйы æппæт районты минæвæрттæн дæр. Сæ номхыгъд сын сарæзтой районты социалон хъахъхъæнынады хайады кусджытæ. Хаст сæм æрцæуынц бирæсывæллонджын, фæкæсынхъуаг бинонты сабитæ. Ацы аз традицион хуызы Ног Азы бæрæгбон саразын нæ бантыст короновирусы пандемийæйы аххосæй. Фæлæ æппын æнæрхъуыдыйæ сабиты ныууадзын нæ бафæндыд Мæхъийы-фырты. Сабитæн сæ хæдзæрттыл æмбæлын кæнынц лæвæрттæ. Æрхъуыдыдзинад та зæрдæйæн алкæддæр хæссы æхцондзинад. Мæхъиты Зурабы ныхæстæм гæсгæ – алы рæстæг дæр сывæллон хъуамæ æууæнда Ног Азы бæрæгбоны диссæгтыл. Уыдоны бæллицтæ æххæст кæнын та хъуамæ алы адæймагæн дæр хæсса удæнцойдзинад, рæсугъд æнкъарæнтæ. Цæгат Ирыстоны хъæуты сабитыл сæ лæвæрттæ æмбæлын кæнынц районты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хайæдты минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania