филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:48 среда, 09 апреля 2025
05 апреля 2025, 10:20
«Ирыстоны сæраппонд»-ы майдантæй хорзæхгонд æрцыдысты Уæрæсейы гвардийы сержант æмæ рæнхъон, стæй интернационалон бригад «Пятнашка»-йы æфсæддон

РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй æфсæддонтæн хæрзиуджытæ радта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй, «Ирыстоны сæраппонд»-ы майдантæй хорзæхгонд æрцыдысты Уæрæсейы гвардийы сержант æмæ рæнхъон, стæй интернационалон бригад «Пятнашка»-йы æфсæддон Гаглойты Гæмæт. РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй æфсæддонтæн хæрзиуджытæ радта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Загъта сын бузныг, райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы стыр профессионализм кæй æвдисынц, уый тыххæй. Томайты Ирбег куыд загъта, афтæмæй кадыл нымайы, йæ хъæбатыр æмæ ныфсхаст æмзæххонтæн сæргълæууæджы номæй хæрзиуджытæ радтын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania