филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 суббота, 28 сентября 2024
29 сентября 2021, 13:08
Ирыстоны сбæрæг кодтой рæвдауæндоны кусæджы бон

Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцыд кадджын мадзал

Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Ирыстоны дæр сбæрæг кодтой рæвдауæндоны кусæджы бон. Уыцы Паддзахадон бæрæгбон нысангонд æрцыд, Уæрæсейы фыццаг рæвдауæндон куы байгом кодтой, уæд – 1836 азы. Бæрæгбоны кадæн Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцыд кадджын мадзал.  Йæ фæлгæты кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодтой скъолайы агъоммæйы ахуырадон  куыстуæтты минæвæртты. Мадзалы архайдтой  Цæгат Ирыстоны наукæйы æмæ ахуырады министр Алыбегты Эллæ, наукæйы, ахуырады, культурæйы æмæ информацион политикæйы  комитеты сæрдар  Елена Князева, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег, администрацийы сæргълæууæг Мильдзихты Вячеслав æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.  Се *ппæтæн дæр раарфæ кодтой, сæ цард сывæллæтты хъомыладæн чи лæвар кæны, уыцы адæм. Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Батырты Аслан мадзалы архайджыты базонгæ кодта Ирыстоны кадджын уазæг æфсымæрон горæт Керчæй  Виктор Дахинимæ. Куыд загъта, афтæмæй скъолайы агъоммæ ахуырад сси иумæйаг ахуырады сæйрагдæр къæпхæн. Уымæн æмæ, уыцы кары цы зондахастыл хæст вæййынц, уымæн баивæн нæй. Цæгат Ирыстоны парламенты сæргълæууæджы арфæтæ райстой æртæ адæймаджы, наукæ æмæ ахуырады министрадæй 10 педагогы. Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæджы кады гæххæттытæ та саккаг кодтой 9 рæвдауæндонæн, стæй 9 кусæгæн. Мадзалы архайджытæн арæзт æрцыд концертон программæ. Сæ хъомылгæнинæгтæ сын равдыстой сæ арæхстдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania