11 июня 2019, 17:25
Ирыстоны сфæлдыстад ногæй федтой Италийы
Ацы хатт сын баххуыс кодта Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабы.
Ирыстоны сфæлдыстад ногæй федтой Италийы.
Ацы хатт сын баххуыс кодта Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабы. Диссаджы расугъд бынат, озера Гардæйы былыл, сывæллæтты кафты ансамбль «Сæрмæт» архайдта фестиваль «Русская весна на озере Гарда»-йы. Ансамбль радта 5 концерты. Коллективы архайы 30 адæймаджы, æдæппæтæй адæмы цурмæ рахастой 15 кафты. Фестивалы фæлгæты ма сарæзтой Годжысаты Изольдæйы национ костюмты равдыст дæр, уый фæстæ та азæлыдысты Мариинаг тетры артистты æмæ Чырыстийы аргъуаны зарæггæнджытæ къорды алæмæты хъæлæсты зæлтæ.
