Æрæфы районы нырттæккæ кусы 9 ахæм бынаты
Сæрдыгон лæвар сывæллæттæн. Ирыстоны скъоладзаутæн ис фадат сæ ахуыргæнæндоны сæрдыгон лагеры бацархайынæн. Æрæфы районы нырттæккæ кусы 9 ахæм бынаты. Алкæцы дæр дзы æххæст у нырыккон гæнæнтæй. Сывæллæттæ дзы сæ бон арвитынц зæрдæхъæлдзæгæй. Не сфæлдыстаддон къорд бабæрæг кодта Хæзныдоны Тубети Сланбеджы номыл скъолайы лагерь. Сабиты цинæн æвдисæн уыд Сосранты Жаннæ. Хæццæ уæм кæны йе нкъарæнтæ.
Афтæ æппæт сывæллæттæ дæр, тынг зæрдиагæй сæ рæстæг æрвитынц Хæзныдоны скъолайы сæрдыгон лагеры. Скъолайы цалцæджы фæстæ сын дзы ис æппæт фадæттæ дæр сæ рæстæг пайдаимæ æмæ хъæлдзæгæй æрвитынæн. Цы 35 саби йæм цæуы, уыдон сты фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй.
Лагеры сæм сæ цæст дарынц скъолайы ахуыргæнджытæ. Арæзт сын æрцæуы алы хуызы ерыстæ, викторинæтæ, зонадон фембæлдтытæ. Сывæллæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзы сæ рæстæг зæрдиагæй æрвитынц.
Лагерьмæ арæх æрбацæуынц уазджытæ дæр. Ацы хатт сæ бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ, Æрæфы районы ахуырады управленийы разамонæг Хъæбæлоты Зæлим, Æрæфы районы сæргълæууæджы хæдивæг Гогаты Аслан. Фембæлд рауад зæрдæмæдзæугæ. Профилон министр аныхас кодта сывæллæттимæ. Бафарста сæ, сæ ног уавæрты сæ куыст куыд цæуы, уымæй.
Сывæллæттæ ма сын сæ размæ рахастой, æрæджы Мæскуыйы скъоладзауты наукон – практикон конференци «Курчатовы Кълæстæ»-йы цы проекттæ бахъахъхъæдтой, уыдон. Радзырдтой се нкъарæнтæ Националон иртæстыты центр «Курчатовы институты» директор Хъамболты Маратимæ фембæлды тыххæй.
Хæзныдоны скъолайы Курчатовы къласы ахуырдзаутæ афæдз дæр нæма сты. Фæлæ сæ тырнындзындзинад иртасæн куыстытæ кæнынмæ та у æгæрон. Уæрæсейы æмвæзады Ирыстоны делегацийы уæнгтæ наукон-практикон конференцийы равдыстой дзæбæх бæрæггæнæнтæ. Сæ куыстытæ систы фыццаг бынæтты аккаг.
Уæвгæ делегацийы æппæт уæнгтæн дæр лæвæрд æрцыд кады гæххæдтæ сæ зæрдиаг куысты тыххæй. Уымæй диссагдæр та у уый æмæ Ирыстоны делегаци, канд сæ зонындзинæдтæ нæ равдыстой фæлæ ма культурæ æмæ традицитæ, мадзалы æппæт архайджытæм фæхæццæ кодтой Хонгæ кафтæй.




