филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:55 воскресенье, 01 февраля 2026
12 июля 2022, 10:33
Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кодтой Хетæджы бон

Æрвылазон традицимæ гæсгæ та ацы аз дæр бæрæгбонмæ æрбамбырд сты Цæгат æмæ Хуссар Иры цæрæг адæм

Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кодтой Хетæджы бон. Æрвылазон традицимæ гæсгæ та ацы аз дæр бæрæгбонмæ æрбамбырд сты Цæгат æмæ Хуссар Иры цæрæг адæм. Цыдысты æртыгай кæрдзынтимæ, цæмæй скувой Хуыцамæ æмæ Лæгты дзуармæ. Уæвгæ, Хетæджы къохмæ цæуыны традици рагæй баззад, æмæ йæ хæццæ кæнынц фидæны фæлтæртæм дæр.  Куыд рауад бæрæгбон ацы хатт, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Сæйраг национ бæрæгбæтты хсæн Хетæджы бон бæрæг дары. Æгъдаумæ гæсгæ райдайы Хуыцаумæ æмæ Лæгтыдзуармæ скуывдæй. Хетæджы къохмæ адæм цыдысты республикæйы алы рæттæй. Цæмæй Ирыстоны зæхх æмæ цæрджыты бафæдзæхсой, уый тыххæй. Цæмæй, кæддæр нæлгоймæгтыл аудæг Хетæгæн куыд баххуыс кодта, афтæ æххуыс кæна алы бæлццонæн дæр. Хетæджы къохы æрвылазон традицимæ гæсгæ æрæмбырд сты, куыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, афтæ ардыгæй бирæ километртæ дарддæр чи, уыдон дæр.

Хетæджы къох йæхимæ лвасы туристты дæр. Павел Харлов ссыди Екатеринбургæй, æмæ ныртæккæ балцы цæуы Кавказы регионтыл. Ирыстоны ис ныр дыккаг хатт.

Бæрæгбоны ис бирæ сывæллæттæ дæр. Æрбацæуынц сæ хистæртимæ, цæмæй хуыздæр базонгæ уой национ бæрæгбæттимæ. Суанг ма сæ бæллицтæ дæр фехъусын кæнынц.

Дзанæгаты æфсымæртæ сæ сабибонтæй фæстæмæ ахуыр кодтой национ æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Ныртæккæ та сæхæдæг сæ сыгъдæг куывдыдтимæ æрбацæуынц сыгъдæг бынатмæ. Афтæмæй æххæст кæнынц сæ рагфыдæлты амынддзинæдтæ.

Ивгъуыд дыууæ азимæ абаргæйæ, ацы хатт Хетæджы къохы уыд бирæ адæм. Се ппæты хъуыды дæр уыд иу – Хуыцаумæ сыгъдæзæрдæйæ скувын, æмæ дзы æппæт адæмæн æнæниздзинад, фарн æмæ амонд ракурын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania