Ирыстоны уарзондæр артисткæ, дæсны фæндырдзæгъдæг Мыстулаты Иринæ. Ацы ном фехъусгæйæ, алкæй цæстыты раз дæр ауайы аив хæрзконд сылгоймаг, йæ къухты фæндыр , йæ цæсгомыл та – фæлмæн мидбылхудт.
Ирыстоны уарзондæр артисткæ, дæсны
фæндырдзæгъдæг Мыстулаты Иринæ. Ацы ном фехъусгæйæ, алкæй цæстыты раз
дæр ауайы аив хæрзконд сылгоймаг, йæ къухты фæндыр
, йæ цæсгомыл та – фæлмæн мидбылхудт.
Иринæйæн йæ иу рацыд дæр сценæмæ адæмæн
уыд бæрæгбонау. Йæ алы фæндырдзагъд дæр хаста удæнцой æмæ
æхсызгондзинад. Алчидæр бæллыд ногæй æмæ ногæй йæ цагъдмæ байхъусынмæ.
Уæларвæй лæвæрд курдиатæй фæндаг ссардта алкæй зæрдæмæ дæр. Чи йæ нæ
уарзта, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, нæй. Йæ фæндырдзагъды фыццаг зæлтæй дæр
– иу æй адæм базыдтой. Æмæ-иу сæ цæсгæмттыл фæзынд мидбылхудт. Уæнгтæн
та – иу бауромæн нал уыд. Стыр аргъ ын чи нæ кодта, æвæццæгæн, ахæм
адæймаг нæ республикæйы нæй. Хайджын уыд æппæтæй зынаргъдæр хорзæхæй –
адæмы уарзондзинадæй. Абон ыл хъуамæ сæххæст уыдаид 70 азы. Не хсæн нал
ис, фæлæ йæ ном æмæ йæ аивад рох никуы уыдзысты.




