филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:19 суббота, 18 мая 2024
05 ноября 2013, 11:31
«Ирыстоны» волейболисттæ фæуæлахиз сты Уæрæсейы чемпионаты уæлдæр лигæ «Б»-йы

Цæгат Ирыстон волейболон командæ Уæрæсейы чемпионаты уæлдæр лигæйы хъазгæйæ фембæлд Махачкалайы командæ «Дагестан»-имæ. Æмæ йыл фæуæлахиз. «Ирыстон»-ы волейболон

Цæгат Ирыстон волейболон командæ Уæрæсейы чемпионаты уæлдæр лигæйы хъазгæйæ фембæлд Махачкалайы командæ «Дагестан»-имæ. Æмæ йыл фæуæлахиз. «Ирыстон»-ы волейболон командæйæн йæ цæттæдзинад уыд хуыздæр. Чи дзы хъазы, уыцы лæппутæ сты бæрзонд æмæ уый дæр хуыздæрыздæм ахадыдта сæ хъазтыл. Хамыхъоты Феликсы хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой дыууæ фембæлды дæр 3:0 хъыгъдæй. Афтæмæй ныр 3 туры фæстæ Дзæуджыхъæуккаг командæйæн йæ хыгъды ис 2 уæлахизы, иу хатт та хæрд фæцис. Афтæмæй хуссайраг турнирон таблицæйы ахсы 3-æм бынат.

Тауаситы Алан, воллейболон командæ «Ирыстон»-ы хъазæг: «Хорз командæ сты «Дагестан» дæр. Дзæбæх хъазынц, тагъд хъазынц. Æмæ сын абоны фыццаг партии рауад афтæ. Сæхиуыл баууæндыдысты. Командæ дæр тыхджындæр у. цалдæр пазицийы дæр тыхджындæр сты командæйæн, стæй ма тренеры амынддзинæдтæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania