филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:32 пятница, 17 мая 2024
16 марта 2020, 18:26
Исахъы тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта йæ цардæмбал Дзбойты Зойæ

Цыргъзонд, дзырдарæхст Исахъæн хъæлдзæгдзинад канд йæ сценикон фæлгонц нæ уыд, фæлæ царды дæр уарзта ахудын æмæ адæмы бахъæлдзæг кæнын

Ирон аивады къæбицмæ Исахъ цы стыр æвæрæн бахаста, уый у æвидийгæ хорзæх. Стыр курдиаты хицау стыр домæнтæ æвæрдта йæхи æмæ йæ цардæмбал, нæ республикæйы адæмон артисткæ, Дзбойты Зойæйы размæ. Æрæджы нын йемæ уыд фембæлд  æмæ та нын радзырдта йæ мысинæгтæ.

Цыргъзонд, дзырдарæхст Исахъæн хъæлдзæгдзинад канд йæ сценикон фæлгонц нæ уыд, фæлæ царды дæр уарзта ахудын æмæ адæмы бахъæлдзæг кæнын.

Амонд цардæмбалæй аразгæ у, зæгъы ирон æмбисæндтæй иу. Исахъ æмæ Зойæ уыцы амондæй уыдысты хайджын. Фæзминаг бинонтæ. Бирæтæ сæ сыгъдæг æнкъарæнтæм  тæхуыды кодтой. Иумæ цины æмæ хъыджы, иузæрдион алы хъуыддаджы. Бæрзæндты хастой, æрыгонæй цы  уарзондзинады цæхæр ссыгътой, уый. Æмæ кæд Исахъы ацыдыимæ йæ арт фæмынæг, уæддæр æй Зойæ абоны онг  хуыссын нæ уадзы. Йæ зæрдæйы арфы хæссы Исахъы æнæмæлгæ сурæт, йæ æнæбафæзмынгæ хъæлæс, мысы сæ фыццаг сценикон фæлгонцтæ.

Исахъ канд актер нæ уыд, фæлæ ма фыста пьесæтæ дæр. Театрдзауты зæрдæмæ фæндаг ссардта спектакль «Уарзон зарæг» .  Уыимæ ма йæм уыд зарæггæнæнджы курдиат дæр Уарзон актер  канд дæсны зарæггæнæг нæ уыд, барстой йæ булæмæргъимæ æмæ хуымæтæджы нæ. Исахъæн йæ æхсит дæр къуызиттыл нымад нæ уыд, фæлæ зæрдæйæн йæ арфы къуымты чи æрзылд, æмæ дзы æнустæм бынат чи ссардта, ахæм музыкалон номыр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania