филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 суббота, 31 января 2026
07 декабря 2024, 11:09
«Иу арвы бын». Ахæм сæргондимæ фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты

ыхас цыд Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны 250 азы, Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы æмæ Дзæуджыхъæуы 240 азы кадæн мадзæлттыл

Иу арвы бын. Ахæм сæргондимæ фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Ныхас цыд Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны 250 азы, Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы æмæ Дзæуджыхъæуы 240 азы кадæн мадзæлттыл. Фембæлд саразыныл бакуыста республикæйы Парламент. Архайдтой дзы сенатор Виталий Назаренко, депутаттæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ. Ахуыргæндтæ фембæлды архайджытæн радзырдтой ацы историон цауты ахсджиагдзинады тыххæй. Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй абон ахсджиаг у ивгъуыд азты фæлтæрддзинад иртасын æмæ дзы пайда кæнын

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania