филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:19 суббота, 28 сентября 2024
18 августа 2021, 13:32
Иу фезмæлдæй маршруты аргъæн бафидын

Дзæуджыхъæуы 57-æм маршруты шофыртæ æмдзу кæнынц рæстæгимæ, æмæ сæ куыст аразынц нырыккон домæнтæ хынцгæйæ

Иу фезмæлдæй маршруты аргъæн бафидын. Дзæуджыхъæуы 57-æм маршруты шофыртæ æмдзу кæнынц рæстæгимæ, æмæ сæ куыст аразынц нырыккон домæнтæ хынцгæйæ. Линимæ тесты хуызы рауагътой маршруты лæггæдтæн бафидыны ног хуыз. Уый фæстауæрц кæны бæлццæтты æмæ шофырты рæстæг дæр. Стæй шофыр дæр цалдæр куысты иумæ нал кæны, фæлæ кæсы æрмæст йæ фæндагмæ. Бæлвырддæр – Фидараты Маринæ.

Лыстæг æхцаты уынæр æмæ шофырмæ маршруты лæггæдты аргъ арвитыны курдиат…  Зын бауырнæн у, фæлæ ацы фæтк баззайдзæн ивгъуыды. Ногдзинад схæццæ Дзæуджыхъæумæ дæр. Ныр маршрутон таксийы балцæн бафидæн уыдзæни банчы картæйæ. Кæд адæймагæн йæхимæ нæ разына, уæддæр дзы къуылымпызинад нæ уыдзæн. Спайда кæнæн ис телефонæй дæр. Бæлццон чек райсдзæн, куыд трамвайы, афтæ. Ахæм хуызы фидыны хъæппæрис разынди шофыртæм. Нырма уал ногдзинадæй пайда кæнынц 57-æм маршруты.

Шофыртæ горæты цæрджытæн хъусын кæнынц сæхæдæг, фиддоны ног хуызы тыххæй. Адæмæй бирæты уырнгæ дæр нæма кæны, чи дзы спайда кодта, уыдоны хъуыдымæ гæгæ та у удæнцойдзинад.

Республикæйы промышленносты æмæ транспорты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ног фæтк се ппæт маршрутты нæма сфидар кодтой. Фæлæ дзы чи райдыдта пайда кæнын, уыдонæн та тендертæ исгæйæ уыдзæни уæлæмхасæн гæнæнтæ.

Бæлццæты хъуыдымæ гæсгæ  сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу у, шофыр фæндагыл цæугæйæ цалдæр куысты иумæ кæй нал кæдзæн, уый дæр. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania