филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:33 суббота, 21 сентября 2024
21 ноября 2012, 09:27
Иугонд нациты организацийы генералон Ассамблейæ 21 ноябрь снысан кодта телеуынынады дунеон боныл

1998-æм азы иугонд нациты организацийы генералон Ассамблейæ 21 ноябрь снысан кодта телеуынынады дунеон боныл. Ацы бæрæгбон нырма æрыгон у æмæ йæ парахатæй нæма бæрæг кæнынц.

1998-æм азы иугонд нациты организацийы
генералон Ассамблейæ 21 ноябрь снысан кодта телеуынынады дунеон боныл.
Ацы бæрæгбон нырма æрыгон у æмæ йæ парахатæй нæма бæрæг кæнынц.

Афтæмæй та йæ истори райдыдта 100 азы
размæ. Уæд райдыдтой фыццаг эксперименттæ телеуынынад æмæ радиойы
уылæнтæхæссæг электрон фæрæзтимæ. Фыццаг фæлварæнтæ цыдысты Японийы,
Амерычы, Советон Цæдисы.

1936 азы та фыццаг телепрограммæтæ
федтой Великобританийы æмæ Германийы цæрджытæ. Æнæ телеуынынадæй абоны
цард фидаугæ дæр нæ кæны. Йæ ахадындзинад абарæн ницæимæ ис. Цыфæнды
хабар, цыфæнды ногдзинад дæр, æппæты фыццаг базонæн ис телеуынынадæй.

Цæгат Ирыстоны телеуынынад нырма æрыгон
у. Фæлæ дзы кусынц фæлтæрдджын æмæ хъæппæрисджын адæм. Сæхиуыл нæ
ауæрдгæйæ, алы бон дæр архайынц адæмы фæстаг хабæрттимæ базонгæ кæныныл.
Æрдзы хивæнд митæ ницæмæ даргæйæ, абалц вæййынц дæрддзæф районтæм,
сыхаг республикæтæм. Æнæнхъæлæджы исты хабар æрцыд – уæд дæр дзы æппæты
разæй фенæн ис телерадиокомпани «Алани»-йы уацхæсджыты. Иууылдæр стыр
æнгом бинонтау, рæсугъдæй æххæст кæнынц сæ хæс – республикæйы цæрджыты
зонгæ кæнынц раст информациимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania