19 ноября 2012, 12:41
«Иугонд Уæрæсе» – йы разамынд балæвæрдта Алексей Мачневы кандидатурæ Парламенты сæрдары бынатмæ
Фракци «Иугонд Уæрæсе» – йы разамынд балæвæрдта Алексей Мачневы кандидатурæ РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары бынатмæ.
Сусæг хъæлæс кæныны мадзал ацыд политикон партийы
Фракци «Иугонд Уæрæсе» – йы разамынд балæвæрдта Алексей Мачневы кандидатурæ РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары бынатмæ.
Сусæг хъæлæс кæныны мадзал ацыд
политикон партийы регионалон хайады конференцийы рæстæг. Партийы сæдæ
æхсай авд уæнгæй сæдæ фæндзайæ сразы сты Мачневы кандидатурæимæ.
Иуæндæсæй та рахæцыдысты Геннадий Родионовы фарс. Фракцийы разамонæгæй
дарддæр кусдзæн Токаты Людмилæ. Конференцийы архайдта Цæгат Ирыстоны
сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Раарфæ кодта Парламенты ног уæнгтæн.
темæмæ гæсгæ