филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
13 ноября 2025, 10:33
«Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы æрымысыдысты, хæстон цауты йæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы æфсæддонты.

Сæ бинонты уæнгтæй 20-æн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ бузныджы фыстæджытæ, кæй нæ фæцудыдтой, се *дзард хиуæтты кæй нæ рох кæнынц, æмæ æхсæнадон царды активон кæй сты, уый тыххæй

«Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы æрымысыдысты, хæстон цауты йæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы æфсæддонты. Сæ бинонты уæнгтæй 20-æн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ бузныджы фыстæджытæ, кæй нæ фæцудыдтой, се *дзард хиуæтты кæй нæ рох кæнынц, æмæ æхсæнадон царды активон кæй сты, уый тыххæй. Æмбырд саразыны хъæппæрис разынд Татьяна Днепровскаямæ, Уæрæсейы хъайтар Андрей Днепровскийы мадмæ. Мадзал саразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм æмбырдты нысан у æдзард æфсæддонты хиуæттæн æххуыс кæнын, цæмæй æмбарой – хъайтарты сæ зæрдыл æрмæст сæ бинонтæ нæ дарынц, фæлæ  се *мбæстæгтæ дæр. Архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ныртæккæ патриотизмыл æрмæст дзурын нæ хъæуы. Ахсджиаг у, сæ бинонты уæнгтæй хæстон цауты чи фæмард, уыцы адæмæн æххуыс кæнын. Уый тыххæй ис социалон, юридикон æмæ психологон æххуысы сæрмагонд программæтæ. Арæзт цæуынц фæсивæды æмæ агурæг змæлдты иумæйаг мадзæлттæ. Æмбырды бузныджы фыстæджытæ лæвæрд æрцыдысты бархионтæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania