филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 вторник, 17 марта 2026
24 февраля 2026, 10:43
«Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы арæзт æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийæн æххуыс кæныны æмæ фæсивæды хъомыладимæ баст æмбырд

Æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ветерантæ æмæ эксперттæ æрдзырдтой абон сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны мадзæлттыл æмæ партийы адæмон программæйы ахадындзинадыл

«Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы арæзт æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийæн æххуыс кæныны æмæ фæсивæды хъомыладимæ баст æмбырд. Æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ветерантæ æмæ эксперттæ æрдзырдтой абон сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны мадзæлттыл æмæ партийы адæмон программæйы ахадындзинадыл. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ацы хъуыддаджы хъæуы куыст фæхъомысджындæр кæнын. Хицæнæй æрлæууыдысты, фæсивæды хъомыладыл. Бæлвырддæр та  – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты куыстыл фæсивæдимæ. Сбылвырд кодтой рæзгæ фæлтæримæ цавæр форматы кусын  хъæуы, цæмæй сæ зæрдæты гуыра райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Æмбырды архайджыты хъуыды уыди иу – фæлтæрты бастдзинад æмæ иудзинад у æмзонд æмæ æмдых куыстæй аразгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania