филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:24 воскресенье, 29 сентября 2024
17 марта 2020, 12:24
«Иугонд Уæрæсе»-йы активисттæ мониторинг кæнынц хæстон цыртдзæвæнтæн æмæ ингæнтæн

Уый фæстæ бавналдзысты сæ рацарæзтмæ

Нæ республикæйы цалдæр зæрдылдарæн бынатмæ хъæуы æвæстиатæй базилын. Уый уæлдай ахсджиагдæр у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы боны агъоммæ. Ныртæккæ царды уадзынц проект «Историческая память». Уый æххæст кæнгæйæ, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы активисттæ мониторинг кæнынц хæстон цыртдзæвæнтæн æмæ ингæнтæн. Уый фæстæ бавналдзысты сæ рацарæзтмæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы боны агъоммæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады минæвæрттæ сарæзтой мониторинг, æмæ æркастысты хæстонты цыртдзæвæнты, мемориалты æмæ ингæнты уавæрмæ. Партион проект «Историческая память»-ы сæйраг нысан у – цалцæггæнинаг æмæ аивгæнинаг объекттæ сбæрæг кæнын.

Партийы минæвæрттæ бæстон æркастысты Петр Барбашовы, Æнусон арты, Уæлахизы фæзы стæй Дзæуджыхъæуы арæнтæ хъахъхъæныны цыртдзæвæнтæм.  Территоритæ хъæуы бафснайын, монументтæ сæхæдæг та сты æмбæлгæ уавæры, зæгъынц партийы активисттæ. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй ма хорз уавæры ис Фæскомцæдисонты парчы хæстонты номыл стелæ дæр. Фæлæ, уый хыгъд тынг æдзæллаг уавæры ис, Госпитальное кладбище кæй хонынц, уыцы уæлмæрд.

Госпиталы уæлмæрд Дзæуджыхъæуы нымад у æппæтй зæронддæрыл. Фæзынди 19-æм æнусы, æмæ 1954-æм азæй фæстæмæ, официалон æгъдауæй у æхгæд. Бирæ зæронд бæлæсты æмæ зайæгойты хсæн зын ссарæн у гранитæй арæзт дур. Уый у, Сырх æфсады 200 хæстоны ныгæд кæм æрцыдысты, уыцы æфсымæрон ингæны цыртдзæвæныл нымад.

18-æм апрельмæ цы зиу снысан кодтой, уым бацархайыны фадат ис, кæй бафæнда, уыдонæн се ппæтæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania