филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:51 воскресенье, 05 мая 2024
18 октября 2022, 10:47
«Иугонд Уæрæсе»-йы хайады минæвæрттæ федтой Сындзыхъæуы фельдшерон-акушерон пункты арæзтады уавæр

Æппæт хъуыддæгтæй бæрнон кусджытæ баззадысты разыйæ

Дыгуры районы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хайады минæвæрттæ федтой Сындзыхъæуы фельдшерон-акушерон пункты арæзтады уавæр. Æппæт хъуыддæгтæй бæрнон кусджытæ баззадысты разыйæ. Куыстытæ конд цæуынц æмгъудæй раздæр. Подрядон организацийы минæвæрттæ архайынц æппæт хъуыддæгтæ хæрзхъæд æрмæгæй скæныныл.  Ацы уагдонмæ Сындзыхъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Кæд хъæуы кæрон арæзт æрцыд, уæддæр ам бынæттон цæрджытæн зæрдиаг лæггад кæй кæндзысты, ууыл гуырысхо нæ кæнынц. Бирæ рæстæг нал баззад, цæмæй фельдшерон-акушерон пункт байгом уа, æмæ адæмæн медицинон æххуыс кæнын райдайа, уымæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania