10 марта 2026, 10:38
«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад бæрæгбоны хæдразмæ арфæ ракодта Уæллаг æмæ Дæллаг Бирæгъзæнджы цæрджытæн
Уыдон фронтæн активонæй æххуыс кæнынц
«Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад бæрæгбоны хæдразмæ арфæ ракодта Уæллаг æмæ Дæллаг Бирæгъзæнджы цæрджытæн. Уыдон фронтæн активонæй æххуыс кæнынц. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ æмбырд кæнынц гуманитарон æххуыс, тæбынæй быйынц хъарм дзаумæттæ, уыимæ дзы бавæрынц сæ уды хъарм. Партион хæрзаудæн проект «Хъæбатырæн уды хъармдзинад»-ы фæлгæты хорзæхгонд æрцыдысты 10 адæймаджы. Кадджын мадзал ацыд Уæллаг Бирæгъзæнджы культурæйы хæдзары. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнын у «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæйы сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу.
темæмæ гæсгæ




