01 декабря 2022, 12:03
«Иугонд Уæрæсейы фæсивæдон гварди»-йы минæвæрттæ сбæлвырд кодтой æфсæддон экипировкæйы æргътæ
Сарæзтой бæлвырд товарты къорды мониторинг
«Иугонд Уæрæсейы фæсивæдон гварди»-йы минæвæрттæ сбæлвырд кодтой æфсæддон амуницийы, экипировкæйы æмæ æндæр товарты æргътæ сæрмагонд дуканиты. Сарæзтой бæлвырд товарты къорды мониторинг. Уырдæм хауынц формæ, хуыссæн голлæгтæ, хъарм берцтæ æмæ хъарм мидæггæгтæ. Цавæрдæр товарты æргътæ иуæй-иу дуканиты сты бæрзонд. Реализатортæ æмбарын кæнынц, товартæ чи цæттæ кæны, уыдон сæ кæй фæзынаргъдæр кодтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ, архайынц, æппæтæй арæхдæр кæй агурынц, уыцы товарты æргътæ ма ивыныл. Закъонхæлдтытæ куы рабæрæг уа, уæд активисттæ бацæттæ кæндзысты курдиат монополиты ныхмæ службæмæ. Уый у мониторингы дыккаг къæпхæн. Ахæм рейдтæ активисттæ фæаразынц æдзухдæр.
темæмæ гæсгæ




