филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:25 воскресенье, 01 июня 2025
26 февраля 2013, 17:14
Иумæйаг диспетчерон службæйы системæ 112-мæ рахизыныл абон дзырдтой æнæнхъæлæджы уавæрты фæдыл арæзт хицауады къамисы æмбырды

Йæ сæрдар Зæнгионты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы нæма ис техникон фæрæзтæ, стæй профессионалон æгъдауæй цæттæ диспетчертæ.

Иумæйаг диспетчерон службæйы системæ 112-мæ рахизыныл абон дзырдтой æнæнхъæлæджы уавæрты фæдыл арæзт хицауады къамисы æмбырды. Йæ сæрдар Зæнгионты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы нæма ис техникон фæрæзтæ, стæй профессионалон æгъдауæй цæттæ диспетчертæ.

Афтæмæй та хъуамæ уой. Уымæ гæсгæ æнæнхъæлæджы цауты тыххæй цæрджытæн хъусынгæнæн системæ саразынæн ацы аз республикæйы бюджетæй дихгонд æрцыд 500 000 сомæй фылдæр. Зæнгионты Виталий районты сæргълæуджытæй бадомдта, цæмæй системæтæ аразыны хъуыддаг фæтагъддæр кæной. Уæвгæ, ацы фарста алыг кæныныл куыст цæуы æрмæстдæр Кировы æмæ Горæтгæрон районты.

Æнæнхъæлæджы цауты тыххæй цæрджытæн хъусынгæнæн раздæры системæйыл цæуы 12 азæй фылдæр. Ног системæмæ ма хъуамæ хаст æрцæуой ивддзинæдтæ. Хъуамæ дзы уа мониторинг кæнæн.
   
Æмбырды куыд загътой, афтæмæй, цалынмæ ног системæ арæзт цæуа, уæдмæ уал республикæйы кусы рæстæгмæйы хъуысынгæнæн системæ æмæ бахъуаджы сахат республикæйы цæрджытæн æмбæлгæ информаци хъусын кæндзысты афоныл. Æмбæлгæ кусæнгæрзтæ æмæ техникæ балхæнынæн, сæрмагонд сигналтæ исынæн дихгонд æрцыд 2 милуаны æмæ 500 мин сомы.
   
Æмбырды ма Зæнгионты Виталий бафæдзæхста, цæмæй бæрæггонд æрцæуой, адæмы бахъахъхъæнынæн цы бæстыхæйттæ арæзт æрцыдысты, уыдон. Куыд загъта, афтæмæй сæ къамисы уæнгтæ бæрæг кæндзысты рагацау æнæ фехъусынгæнгæйæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania