филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:53 воскресенье, 14 декабря 2025
05 июня 2014, 17:17
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн математикæйæ дæтгæйæ, Цæгат Ирыстоны рабæрæг сты закъонхæлдтытæ

Рауагъдонтæй чидæр интернеты ныммыхуыр кодта фæлварæны хæслæвæрдтæ» – хъусын кæнынц республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады. Уыцы цауты фæдыл Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз фембæлд министрады разамонæг Огъуаты Аланимæ æмæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустемимæ.

Иумæйаг паддзахадон фæлварæн математикæйæ дæтгæйæ, Цæгат Ирыстоны рабæрæг сты закъонхæлдтытæ
«Иумæйаг паддзахадон фæлварæн математикæйæ дæтгæйæ, Цæгат Ирыстоны рабæрæг сты закъонхæлдтытæ. Рауагъдонтæй чидæр интернеты ныммыхуыр кодта фæлварæны хæслæвæрдтæ» – хъусын кæнынц республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады. Уыцы цауты фæдыл Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз фембæлд министрады разамонæг Огъуаты Аланимæ æмæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустемимæ. Мамсыраты Таймураз базонгæ фæлварæнты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтимæ. Стæй бадомдта фæлварæнтæдæттæн пунктты скъоладзаутæн скæнын æппæт фадæттæ æмæ уавæртæ, цæмæй сæхи зын уавæрты ма æнкъарой. Уыимæ, æнæ карз мадзæлттæй, æххæст кæнын цæстдарæн домæнтæ. Огъуаты Алан республикæйы сæргълæууæджы базонгæ кодта æппæт аиппытимæ. Нырма бæрæг нæу, чи æмæ кæм базыдта хæслæвæрдтæ æмæ сæ куыд ныммыхуыр кодта интернеты. Бæрæг у æрмæстдæр уый, æмæ уыдысты къамистыты хуызы. Фæлварæн дæтгæйæ, дзы 26 рауагъдоны хъавыдысты спайда кæнын чырæ телефонты æххуысæй. Сæ фæлварæнты бæрæггæнæнтæ растыл нымад не рцæудзысты, уыимæ ма сын ацы фæлварæн дыккаг хатт раттыны бар нæ уыдзæн. Уыцы иу рæстæг, æмтгæй федералон цæстдарджытæ разы сты, Цæгат Ирыстоны иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ куыд цæуынц, уымæй. 
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania