филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:53 понедельник, 15 декабря 2025
11 февраля 2014, 17:08
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн цы аудиториты уыдзæн, уыдоны æвæрд æрцæудзысты дыгай видеоцæстдарды камерæтæ

Æхсæнадон цæстдарджытæн уыдзæн, фæлварæн бæстæйы цыфæнды ран дæр куыд цæуы, уый феныны фадат. Уый тыххæй ныхас цыд Æхсæнадон палатæйы æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ.

Иумæйаг паддзахадон фæлварæн цы аудиториты уыдзæн, уыдоны æвæрд æрцæудзысты дыгай видеоцæстдарды камерæтæ.

Æхсæнадон цæстдарджытæн уыдзæн, фæлварæн бæстæйы цыфæнды ран дæр куыд цæуы, уый феныны фадат. Уый тыххæй ныхас цыд Æхсæнадон палатæйы æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ. Ацы аз Цæгат Ирыстоны иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæтдзысты 6 мин рауагъдоны. Ныртæккæ арæзт æрцыд регионалон кусæн къорд. Бæрæггонд æрцыдысты, фæлварæн кæд æмæ кæм лæвæрд цæудзæн, уый. Ацы аз иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæтдзысты 39 пункты, уыдонæй уæлдай ма арæзт æрцыд 4 уæлæмхасæны дæр. Педагогон иртæстыты федералон институты сайты сты иумæйаг фæлварæны хæслæвæрдтæ. Уыдонмæ гæсгæ скъоладзаутæн сæ бон у сæхи бацæттæ кæнын.

Бокоты Эльбрус, РЦИ-Аланийы æхсæнадон палатæйы секретарь: «Цы фарстатæ истам мæнæ ацы æмырды, уыдон сты баст нæ кæстæртимæ. Мах арæх фæзæгъæм – нæ сом бон сты нæ кæстæртæ. Мæнмæ та иннæ фарста вæййы – уыцы сомбонмæ кæстæртæ куыдæй цæуынц, цавæр зонындзинæдтимæ, цавæр хъуыдытимæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania