Уыдон активонæй куыстой пандемияйы рæстæг, æмæ адæмы размæ хастой волонтерты архайды тыххæй хабæрттæ
«Мах стæм иумæ». Ацы иумæйаг æххуысы Æппæтуæрæсеон акцимæ ахадгæ æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй кад кодтой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн æмæ паддзахадон ведомствоты пресс-службæты кусджытæн. Уыдон активонæй куыстой пандемияйы рæстæг, æмæ адæмы размæ хастой волонтерты архайды тыххæй хабæрттæ. Уæрæсейы Президент Владимир Путины номæй зæрдылдарæн майдантæ æмæ кады гæххæттытæ радта Цæгат Ирыстоны мыхуыры фæрæзты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Фидараты Юрий. Раарфæ кодта журналисттæн æмæ пресс-секретарьтæн сæ дæсны архайды тыххæй. Арфæты аккаг систы не мкусджытæ дæр – Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сæрмагонд уацхæссæг Хъалæгаты Надеждæ æмæ радиохъусынады службæйы шеф-редактор Джыккайты Заремæ.