филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 пятница, 17 мая 2024
30 сентября 2022, 10:11
Иумæйаг историтæ æмæ хицæн адæймæгты хъысмæттæ

Рухс федта киноныв «Золотая бронза»

Иумæйаг историтæ æмæ хицæн адæймæгты хъысмæттæ. Рухс федта киноныв «Золотая бронза». У  2004-æм азы Беслæны теракты, æмæ йæ йæхиуыл чи банкъардта, уыцы адæмы тыххæй. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Аивадон киноныв «Сыгъзæрин бронзæ» у Беслæны теракты чи бахауд, уыдоны тыххæй. Арæзт у 5 хайæ. Дзурынц сæйраг хъайтарты царды тыххæй трагедийы фæстæ. Æвдыст дзы цæуынц, куыд иумæйаг историтæ, афтæ хицæн адæймæгты хъысмæттæ дæр. Киноныв саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы куыст цымыдисаг уыдзæн рæзгæ фæлтæрæн дæр, уымæн æмæ сæйраг хъайтартæ сты сывæллæттæ.

Киноныв истой 2 мæйы бæрц, йæ фылдæр хай – Беслæны, цавæрдæр фрагметтæ та Дзæуджыхъæуы, Каспийскы æмæ Санкт-Петербурджы. Иуæй-иу сценæты архайдтой Цæгат Ирыстоны артисттæ. Фылдæр эпизодты та – Беслæны цæрджытæ сæхæдæг.

Кинокомпани «Триикс Медиа»-йы генералон директор Инесса Юрченко куыд загъта, афтæмæй йын ацы премьерæ уыд æппæтæй уæззаудæр. Кинонывы сфæлдыстадон къордыл ахсджиаг хæс æвæрд ис – куысты мидис адæммæ раст бахæццæ кæнын. Уæлдай бæрнон у, залы, трагеди йæхиуыл чи банкъардта, уыдон кæй сты, уый. Се *хсæн – олимпаг чемпион Сидахъаты Зауырбег æмæ олимпаг хъæзтыты бронзæ призер Найфонты Артур.

Уæрæсейаг скъолаты ахуырдзаутæн «Сыгъзæрин бронзæ» он-лайн хуызы равдыстой. Кинонывмæ бакастысты 2 милуан хаттæй фылдæр. Хицæнæй йæ равдыстой Стъараполы музейон-равдыстадон комплекс «Россия – моя история»-йы дæр æппæтуæрæсеон фæсивæдон фестиваль æххæстгæнгæйæ.

Кинонывмæ бакæсын ис социалон хызты дæр. Ацы куыст у,цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр Беслæны рыст рох кæй никуы уыдзæн, уый æвдисæн

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania