Хæстон майдантæ æмæ сабыр дуджы царды хæрзиуджытæ. Адæмон хæдзарады сгуыхтдзинæдты равдысты (ВДНХ) æвзист майдан, риуылдаргæ нысан «Советон Цæдисы æрхъуыдыгæнæг»,
Бирæ азты размæ, æвзонг пензæйаг лæппу Иван Корчагин ссыд Ирыстонмæ. Каст фæци хæххон-металлургон институт. Кусынмæ бацыд завод «Победит»-мæ æмæ йыл йæ зæрдæ нал сивта. 50 азæй фылдæр дзы фæкуыста сæйраг инженерæй æмæ хорз хъуыды кæны заводы цехтæ куыд арæзтой, уый, ног пецтæ дзы куыд æвæрдтой, ног технологитæй пайда кæнын куыд райдыдтой, уыдæттæ. Уæд, 50-æм азты, ахæм ногдзинæдтæй ничи пайда кодта. Йæхæдæг дæр архъуыды кодта 7 ног мадзалы, æмæ ма дзы ныр дæр пайда кæнынц.
Абон йæ 90 азы сæрты акæсгæйæ, фидарæй зæгъы «Уарзын Ирыстон. Йæ адæмы, се гъдæуттæ, сæ царды уаг. Куыстон йæ рæсугъд фидæныл. Æмæ мæхи дæр хонын Ирыстоны хъæбул».
Чи йæ зоны, зондамонæг кæмæн уыд, йемæ бирæ азты чи бакуыста – уыдон сты иузæрдион Иван Корчагин у «Ирыстоны намысы » майданы аккаг.
