филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:25 воскресенье, 29 сентября 2024
16 января 2013, 11:21
Ивгъуыд аз республикæйы уыд æртæ сæдæ цыппор авд зынгсирвæзты

Сæ 10% æрцыдысты, хæдзæртты цы пецтæ ис, уыдон æдасдзинады домæнтæм гæсгæ кæй нæ куыстой, уый тыххæй.

Сæ 10% æрцыдысты, хæдзæртты цы пецтæ ис, уыдон æдасдзинады домæнтæм гæсгæ кæй нæ куыстой, уый тыххæй. Ацы аз дæр Цыколайы æрцыд ахæм зынгсирвæзт. Бесолты бинонтæн сæ хæдзар басыгъд. Цæрджытæй хъыгдард ничи баййæфта. Ныр бинонтæ архайынц хæдзар сцалцæг кæныныл.

Ног аз Бесолты бинонтæн райдыдта æнæнхъæлæджы цауæй. 22-æм декабры сыздæхтысты Цæгат Ирыстонмæ Норильскæй. Уым цардысты 7 азы. 6-æм январы балхæдтой хæдзар Цыколайы, фæлæ дзы ацæрын сæ къухы нæ бафтыд. 8 январы æхсæвы хæдзар судзын райдыдта.

Бесолты Аким: «Дзургæ та бакодта нæ сыхаг лæппу. Уый фехъуыста шиферты гуыбар-гуыбур. Ам та уыдис мæ ус. Бамбæрста фæздæджы тæф, æмæ ралыгъдис, тапочкæты, халаты».

Зынгсирвæзт райдыдта æмбисæхсæв. Зынгхуыссынгæнджытæм бадзырдтой сыхæгтæ. Уыдон уайтагъд æрбацыдысты бынатмæ. Фæлæ зæронд хæдзар басыгъд 15 минутмæ.

Темырты Таймураз, зынгсирвæзтытæм цæстдарды управленийы хицауы хæстæ æххæстгæнæг Æрæфы районы: «Æхсæвы æрбадзырдтой диспетчермæ, 12.25. Ардæм æрцыдыстæм, федтам, хæдзар куыд судзы, уый. Ахуыссын æй кодтам. Горæтæй специалисттæм фæдзырдтам æмæ уыдон æрмæг скодтой».

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй зынгсирвæзты аххосаг у – пец æвæргæйæ æдасдзинады домæнтæ æххæстгонд кæй не рцыдысты, уый. Уымæ гæсгæ хъæдын цæджындзтæ ссыгъдысты æмæ арт цыбыр рæстæгмæ апарахат æнæхъæн хæдзарыл.

Ацы æнæнхълæджы цау ацы хæдзары фыццаг нæу. Æндæраз ма ам уыдис зынгсирвæзт. Уæд дæр йæ аххосаг уыд, пец раст эксплуатацигонд кæй нæ цыд, уый.

Ахæм цаутæ республикæйы чысыл не сты. Фарон ахæм зынгсирвæзтытæ Цæгат Ирыстоны уыдис 32. Фæмард дзы 2 адæймаджы. Бесолтæн сæ хæдзар иууылдæр басыгъд. Баззад дзы æрмæст къултæ.
Гуцъунаты Хъазыбег, Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг: «Бесолты бинонтæй нæм курдиат æрбацыд. Сæ хæдзар басыгъд, æмæ сæм цæмæй фæкæсæм. А дыууæ боны сын баххуыс кæндзыстæм».

Бесолтæ сæ хæдзар балхæдтой 300 мин сомæй. Йе сцалцæг кæнынæн дæр бахъæудзæн иу уый бæрц, зæгъы хæдзары хицау Аким. Ууыл та ацæудзæн цалдæр мæйы. Ныр та уал бинонтæ цæрынц, рæстæгмæ кæй баххуырстой, ахæм фатеры.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania