филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
02 января 2021, 22:08
Ивгъуыд азы кæрон Мæздæджы арзæт æрцыд кадджын мадзал

Йæ дæсныйады сгуыхтдзинæдтæ кæмæн бафтыд, уыдонæн «Голубой огонек» кæй хонынц, уый форматы раарфæ кодта Битарты Вячеслав

Республикæйы сæргълæууæгæй аккаг хæрзиуджытæ. Ивгъуыд азы кæрон Мæздæджы арзæт æрцыд кадджын мадзал. Йæ дæсныйады сгуыхтдзинæдтæ кæмæн бафтыд, уыдонæн  «Голубой огонек» кæй хонынц, уый форматы раарфæ кодта Битарты Вячеслав.  Видеобастдзинады фæрцы комкоммæ эфиры республикæйы сæргълæууæг хатдзæгтæ скодта 2020-æм азæн, бафиппайдта ивгъуыд азы дæр æнтысдзинæдтæ кæй бафтыд социалон-экономикон райрæзты.  Цалцæггонд цыдысты фæндæгтæ, уыимæ куыд Мæздæджы, афтæ æндæр районты. Сарæзтой  æмæ сцалцæг кодтой алыхуызон социалон ахсджиаг объекттæ. Æппæт уыцы куыстытæ къухы нæ бафтыдаиккой æнæ фæллойгæнæг адæмы æххуысæй. Уый фæдыл Мæздæджы районы хуыздæр кусджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Республикон  хæрзиуджытæ фæллойгæнджытыл сæмбæлын кодта районы сæргълæууæг Гугиты Геннадий. Кадджын уавæры хорзæхгонд æрцыдысты промышленносты, хъæууон хæдзарады, муниципалон скондты, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты кусджытæ, амалхъом адæм, стæй æхсæнады активон архайджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania