07 марта 2014, 14:04
Ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты хатдзæгтæм абон æркастысты Хицауады радон æмбырды. Амыдта йæ Такъоты Сергей
Фароны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, промышленнон куыстады индекс у 124,6%. Фæфылдæр сты хи продукцийы рауагъд, хъалонты æфтиæгты бæрц, базарады æмæ бастдзинады лæггæдты æвдисæнтæ.
Фароны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, промышленнон куыстады индекс у 124,6%. Фæфылдæр сты хи продукцийы рауагъд, хъалонты æфтиæгты бæрц, базарады æмæ бастдзинады лæггæдты æвдисæнтæ. Фæкъаддæр сты уæз ласыны къабазы, стæй арæзтады. Йæ хæрдзтæ æфтиæгтæй фылдæр кæмæн сты, ахæм куыстуæттæ сты 39%. Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ иртæстгонд æрцæуой ахæм уавæры аххосæгтæ, цæмæй иуварсгонд æрцæуой. Уымæй уæлдай ма, Такъоты Сергей бахæс кодта бакусын мадзæлттыл, республикæйы Сæргълæууæг йæ æрвылазон ныстуаны цы хæстæ сæвæрдта Хицауады уæнгты раз, уыдон сæххæст кæнынæн. 2012-м азы Æппæтуæрæсеон конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хуыздæрыл нымад æрцыд Черменыхъæу. Æмбырды рахастой республикон бюджетæй йын преми радих кæныны уынаффæ. Хицауады уæнгтæ ма æрдзырдтой республикæйы иумæйаг паддзахадон фæлварæн скæныны уагæвæрдыл. Хъуамæ æппæт фадæттæ конд æрцæуой, цæмæй скъоладзаутæ æнæ къуылымпытæй раттой сæ фæлварæнтæ. Каст цыд æндæр фарстатæм дæр.
темæмæ гæсгæ




