Сæххæст ыл 230 азы. Ацы цаумæ горæты разамынд бацæттæ кодта хъæздыг программæ – æнæрхъуыдыйæ нæ баззадысты сывæллæттæ дæр æмæ хистæртæ дæр.
Горæты бон бæрæг кæныны мадзæлттæ райдыдтой Иудзинады фæзы. Адæмты хæлардзинады цыртдзæвæны цур дидинджытæ сæвæрдтой республикæйы разамынды, политикон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Дзæуджыхъæуы цæрджытæн раарфæ кæнынмæ ссыдысты уазджытæ Болгарийæ дæр, горæт Врацæйæ. Уый 3 азы размæ Дзæуджыхъæуæн сси æфсымæрон горæт.
Æхсызгон лæвар шофыртæн – Уалдзыгон уынджы байгом ног 6-рæнхъон фæндаг. Фыццæгтæ йыл ацыдысты байкертæ, сæ фæстæ та – автомбилисттæ. Тедеты Алан ацы районы цæры. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы райсомæй арæх машинæтæй ацæуæн нæ вæййы. Ныр уавæр аивдзæн.
Тедеты Алан, шофыр: «Ног фæндаг тынг хорз рауад. Машинæтæн ныр сæ фылдæр ауылты цæудзысты. Уый адæмæн æххуыс у».
Фæндаджы дæргъ у 1 километр. Баиу кодта Мамсыраты Хаджумары æмæ Морских пехотинцев уынгтæ.
Уаниты Сослан, Дзæуджыхъæуы администрацийы фæндæгты арæзтады æмæ цъæх фæлысты управленийы хицауы хæдивæг: «Ацы фæндаг арæзтам 4 мæйы. Йæ дæргъ у 1 километр. Фидæны ма йæ фæдаргъдæр кæндзыстæм».
Ацы бон Дзæуджæуы байгом терренкур «Нæртон» дæр. Йæ бацæуæн ын саив кодтой 3 скульптурон композицийы. Сты нарты кадджытæм гæсгæ конд – «Уæрхæг æмæ йæ фырттæ», «Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт», стæй «Уырызмæджы фæстаг фосы конд». Сæ автор – Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Ходы Николай загъта, фидæны ам кæй фæзындзысты нарты кадджыты иннæ хъайтартæ дæр.
Ходы Николай, УФ-йы адæмон нывгæнæг: «Дарддæр ма уыдзæн Батрадз, Сослан, Сырдон, Сатана æмæ Ацæмæз. Ацы 3 сарæзтам афæдз æмæ `рдæгмæ».
Фæстæдæр ма терренкуры фæзындзысты спортæй архайынæн фæзтæ. Фæлæ адæмы хъуыдымæ гæсгæ, сæйрагдæр у, ацы бынатæн хъомыладон нысан кæй ис, уый.
Козырты Батырбег, ансамбль «Ир»-ы кафæг: «Тынг æхсызгон мын у, ацы бынат кæй байгом. Нарты кадджытæ ныр бирæтæ нæ зонынц. Йæ мады исчи куы афæрса, уый чи у, зæгъгæ, уæд ын æй зæгъдзæн. Цæмæй кæстæртæ дæр зоной, ис нæм нарты кадджытæ, уый».
Иу фæлладуадзæн фæз ма фæзынд Терчы был – Сырхгвардионæй Цæнгæт хиды онг. Ис дзы спортæй архайынæн, велосипедтыл цæуынæн æмæ тезгъо кæнынæн фадæттæ. Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар Икъоты Бэлæ куыд загъта, афтæмæй горæты бон сбæрæг кæнынмæ цæттæ кодтой 5 азы.
Икъоты Бэлæ, Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар: «Бацæттæ кодтам фæндæгтæ, улæфæн бынæттæ, артисты лæвæрттæ. Абоны хуызæн хур бонтæ куыд уа нæ царды, Хуыцау уыцы амонд радтæд».
Штыбы фæзы та арæзт æрцыд концерт сывæллæттæн. Баиу кодта республикæйы сывæллæтты сфæлдыстадон къордтæ. Æппæтæй цымыдисагдæр уыд лæппуты хоры равдыст. Иумæ зарыдысты 700 сывæллонæй фылдæр.
Фæстæдæр ма Сæрибардзинады фæзы арæзт æрцыд ноджыдæр иу концерт. Архайдтой дзы республикæйы æмæ Кавказы эстрадæйы зарæггæнджытæ. Кæронбæттæны та горæты цæрджытæ федтой бæрæгбоны салют.
Зыхъуаты Жаннæ
