филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:25 понедельник, 15 декабря 2025
23 июня 2014, 17:00
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты та Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон чъириты æппæтадæмон фестиваль

Ныр дыккаг хатт Ирыстоны сылгоймæгты бафæндыд сæ арæхсдзинад равдисын. Фестивалы ма арæзт æрцыд ирон цыхты конкурс дæр. Концерт æмæ алыхуызон равдыстытæ фæаивдæр кодтой бæрæгбон.

73128
Ныр дыккаг хатт Ирыстоны сылгоймæгты бафæндыд сæ арæхсдзинад равдисын. Фестивалы ма арæзт æрцыд ирон цыхты конкурс дæр. Концерт æмæ алыхуызон равдыстытæ фæаивдæр кодтой бæрæгбон.

Уæлибæхтæ, цæхæраджынтæ, фыдджынтæ. Дæ арæхстдзинад æмæ зонындзинæндтæ уыйбæрц адæмы раз равдисын хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Ацы хъуыдыимæ сразы сты конкурсы 30 архайæджы се ппæт дæр. Гагкайтæ конкурсмæ æрбацыдысты Алагирæй. Ирон чъиритæ кæнын ацы бинонты зоны чысыл Аминæ дæр. Цæуы йыл æрмæстдæр 4 азы. Æмæ нымад æрцыд конкурсы æппæтæй æрыгондæр архайæгыл. Бинонты хистæр Гагкайты Зойæ куыд зæгъы, афтæмæй æгъдау æмæ алыхуызон сусæгдзинæдтæ кæстæртæн амонын хъæуы.

Гагкайты Зойæ, ирон чъириты дыккаг æппæтадæмон фестивалы архайæг: «Нæ ирон æгъдæуттæ нæ кæстæртæн куы дæттæм, уæд Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, æмæ нæ хъару, нæ ирон æгъдау куыд нæ фесæфа, Хуыцау агъæм арфæ ракæнæд».

Ирон чъириты æппæтадæмон фестиваль Дзæуджыхъæуы арæзт цæуы ныр дыккаг аз. Ацы хатт конкурсы хæслæвæрдтæ фæзындæр кодтой. Кæд фарон сылгоймæгты кæнын хъуыдис æрмæстдæр æртæ уæлибæхы æмæ иу фыдджын, уæд ныр та алы конкурсант дæр хъуамæ æрцæттæ кодтаид æртæ æртæдзыхоны, æртæ цæхæраджыны, æртæ фыдджыны æмæ ма цалдæр ирон нацон хæринаджы дæр.

Æбиты Валерий, ирон чъириты дыккаг æппæтадæмон фестивалы жюрийы сæрдар: «Алкæйы бон дæр уыцы 3 кæрдзыны скæнын, фæлæ мæнæ ам адæмы цур æрлæууын, æм æдæм седее цæсты кæсынц, афтæмæй дæ къухтæй рæсугъд къæбæр рауадз, æгъдаумæ гæсгæ йæ скæн. Куыд æй саразын хъæуы, уыдон сты цымыдисаг хъуыддæгтæ. Тынг бирæ фæсивæд, сылгоймæгтæ дзы ис, æмæ уый дзуры ууыл, æмæ ирон æгъдау сæфт нæу æмæ ахæм бæрæгбæтты руаджы нæ ирон фарн, нæ рагфыдæлты æгъдæуттæ сæфт нæ уыдзысты».

Чъириты фестивалы ма арæзт æрцыд ирон цыхты конкурс дæр. Гогичаты Фатимæ ардæм цыхт сласта Алагиры районæй.

Гогичаты Фатимæ, ирон цыхты конкурсы архайæг: «Алы аз дæр фæархайæм конкурсы, ныр нæм цхт нал ис, иууылдæр сæ ауæй кодтам, адæмæн сæ зæрдм фæцыд, ныр мæм нал ис, бирæты ма бæргæ хъуыдис, фæлæ».

Сæ продукци равæрдтой фермерон хæдзарæдтæ æмæ хицæн амалхъом адæймæгтæ республикæйы алы рæттæй. Æдæппæтæй 30 архайæджы. Уыдис дзы хъуджы æхсырæй, стæй ма раст сæгъы æхсырæй конд цыхтытæ дæр. Театралон равдыстытæ адæмæн фадат лæвæрдтой нæ адæмы историйыл афæлгæсынæн. Уыимæ ма Терчы был арæзт æрцыд æцæг музей. Разгом къабатæ, скифты æмæ сæрмæтты хæцæнгарз æмæ уæлæдарæс. Экспонатты хсæн – æвзонг фæсивæд сæхæдæг дæр. Национ къорд «Талаты» архайджытæ адæмæн æвдыстой, раджыйы заманы-иу ирон сылгоймæгтæ къуыхæй цы лыстæг куыстытæ кодтой, уый.

Национ музыкалон инструменттæ, æрмдæсныты æмæ нывгæнджыты куыстытæ алыхуызон сувениртæ. Ацы равдыст дæр у фестивалы хæйттæй иу. Цымыдисаг уыд канд йæ архайджытæн нæ, фæлæ ма бæрæгбоны уазджытæн.

Ирон чъириты фестивальмæ æрбацыд бирæ адæм. Уыдоны хсæн канд Дзæуджыхъæуы æмæ Цæгат Ирстоны цæрджытæ нæ, фæлæ ма стыр горæтты æппæтадæмон ассамблеяйы форумы архайджытæ дæр.

Плиты Александр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады хицау: «Абон нæм æрцыдис бирæ адæм, æмæ хиуынафæййды бынæттон админситрацийæ йæ зæрдæ райы ацы хъуыддаджы тыххæй. Тынг бирæ йыл архайдтам, æмæ абон æвдыстам ирон æгъдæуттæ».

Фестивалы рæстæг уазджытæн арæзт æрцыд концерт. Архайдтой дзы республикæйы артисттæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Бæрæгбоны кæронбæттæны та хатдзæгтæ скодтой ирон чъириты конкурсæн. Хуыздæр æфсиныл æмæ чъиригæнæгыл нымад æрцыд Тедеты Жаннæ.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania