Æрдзон фыдбылызы цæф сæхиуыл тынгдæр банкъардтой поселок Южный, Спутник, Карца, стæй Дзæуджыхъæуы цалдæр районы
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты тыхджын тæрккъæвда их æмæ дымгæимæ та æрцыд республикæйы. Æрдзон фыдбылызы цæф сæхиуыл тынгдæр банкъардтой поселок Южный, Спутник, Карца, стæй Дзæуджыхъæуы цалдæр районы. Доны бын фесты хæдзæрттæ, электрон тыхы куыст фæкъуылымпы. Сæрмагонд службæтæ уайтагъд бавнæлдтой æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты та республикæ бахауд тæрккъæвдаты æмæ ихы уацары. Æрдзон фыдбылызы тыхджындæр цæф æрцыди поселок Южныйыл. Кувæндоны раз фæндаджы хай ламидæттæй сæхгæдта, Курганныйы уынгыл ацæуæн нæ уыд. Бынатмæ уайтагъд æрбацыдысты горæты администрацийы минæвæрттæ æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Изæры сæрмагонд техникæ кусын райдыдта.
Къуырисæры райсомæй та Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав профилон ведомствæты минæвæрттимæ уыд бынаты, аныхас кодта адæмимæ. Длинно-долинскаяйы уынджы цæрджытæн сæхимæ бахауын ныр у æрмæст рудзынджы уылты. Дон цы чъизитæ æмæ лами рахаста, уыдон сæхгæдтой гаражмæ бацæуæн дæр, æмæ кулдуар дæр.
Тæрккъæвдаты аххосæй чысыл цыхцырæгæй рауад знæт цæугæдон. Ламидæттæ донвæдыл рагуылф кодтой алцыдæр пырхгæнгæйæ. Ацы кадртыл æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ доныбын цы хæдзар фæцис, уырдыгæй эвакуаци кæнынц сывæллæтты – æндæрхуызон сын рахизæн нæ уыд. Фæстæдæр хæдзары хицау раарфæ кодта ирвæзынгæнджытæн. Ныр æй хъæуы цæрæнуатмæ базилын. Хорз æмæ нæ ныккалд. Сыхаг хæдзармæ бацæуæн та дуртæй байдзаг. Машинæтæ дæр дурты бын ныгæд æрцыдысты. Кæртытæ чъизитæй дзаг, пырх цæхæрадæттæ. Сæрмагонд къамис банымайдзæн цавæр зиан хаст æрцыд, уый.
Фæндаг сыгъдæг кодтой Шмулевичы уынджы дæр. Кæд машинæтæ кæм цæуынц, уыцы хай бахус, уæд кæртытæ та систы цъымараты хуызæн. Гаражты кооперативы цæрджыты сæ машинæтæ суæгъд кæныны тыххæй бахъуыд белтæй спайда кæнын. Цы дон калди, уый тыхæй автомобильтæ зæххы бынмæ ацыдысты. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæр фыццаг хатт нæ сæвзæрд.
Терчы дамбæ æмæ Реданты донæмбырдгæнæны иуварсдзæуæн канал ацы хатт æрдзон фыдбылызы цæфæн бафæрæзтой æмæ бахъахъхъæдтой сæрмагонд донцъирæнтæ. Мæйы размæ, доны æмвæзад куы схызт, уæд доны куыстуаты минæвæрттæ æвæстиатæй сарæзтой уæлæмхасæн мадзæлттæ дамбæ фæфидардæр кæнынæн.
Уыимæ 70-йæм азты конд дамбæ, йæ хæс æххæстæй нал æххæст кæны. Фидаргæнæн арæзтад бирæйы фаг не суыдзæн. Тæрккъæвда æмæ Эзминаг ГЭС-ы бассейнæй æвæстиатæй суткæмæ цы дон ракалынц, уый иу рæстæгмæ куы рцæуа, уæд дон æнæмæнг дамбæйы сæрты акæлдзæн. Фарста алыг кæнын ис æрмæст иу хуызы, зæгъынц специалисттæ – хъæуы æвæстиатæй Терчы донвæд ссыгъдæг кæнын.
Терчы доны æмвæзад куы фæкъаддæр уа, уæд Реданты фидаргæнæн куыстытæ дарддæр æххæст кæндзысты.




