филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:54 среда, 17 декабря 2025
05 марта 2018, 13:55
Ивгъуыд къуырийы кæрон Национ музейы байгом, абарæн кæмæн нæй, ахæм равдыст

Равæрдтой дзы 18-20-æм æнусты хæцæнгæрзты хуызтæ. Се хсæн Хъаныхъуаты Есейы æхсæнгарз, Плиты Иссæйы маузер, Хетæгкаты Къостайы хъама æмæ æндæр номдзыд адæмы хæстон дзаумæттæ.

Ивгъуыд къуырийы кæрон Национ музейы байгом, абарæн кæмæн нæй, ахæм равдыст
Ивгъуыд къуырийы кæрон Национ музейы байгом, абарæн кæмæн нæй, ахæм равдыст. Равæрдтой дзы 18-20-æм æнусты хæцæнгæрзты хуызтæ. Се хсæн Хъаныхъуаты Есейы æхсæнгарз, Плиты Иссæйы маузер, Хетæгкаты Къостайы хъама æмæ æндæр номдзыд адæмы хæстон дзаумæттæ. Равдысты ис фæсарæйнаг экспонаттæ дæр.
Æргом уды хицау, фæлæ йæ хъама æппынæдзух йемæ. Ирон литературæйы классик Хетæгкаты Къоста алцæмæйдæр бæрæг дардта, æмæ сæрбæрзондæй хаста ирон хохаг лæджы ном. Йæ сæйраг хæцæнгарз уыд хъама.
Национ музейы хъæздыг фонды экспонаттæ равæрдтой Сабырдзинады проспекты залы. Æстдæсæм, нудæсæм æмæ дыууынæм æнусты хæцæнгæрзты хуызтæ дисы бафтаудзысты алкæйы дæр. Æмæ куыд нæ? Зæгъæм, 18-æм æнусы Доныфарсы æхсæнады хæххон хъæуты раздзог Хъаныхъуаты Есе уыд рæстдзæвин. Йе хсон хæцæнгарзы фæрцы йын бантыст кæсгон къниазы æфсæдтæ бауромын. Уый Доныфарсы цæрджытæн фæнд кодта хъалон фидын кæнын. Хæцæнгæрзтæ, хъаматæ, æхсаргардтæ. Канд рæсугъд не сты, фæлæ ма ахадгæ, зæгъы историк Багаты Алан. Къухы дæр сты æнцон дарæн. Уымæн æмæ хохаг лæгæн сæйрагдæр уыд, цæмæй йæ хъама æппæлыны хос ма уа, фæлæ йæ царды æнæмæнг хъæугæ дзаумæ.
Экспозицийы сæйраг бынат ахсынц зындгонд æфсæддон разамонджытæ Плиты Иссæ æмæ Мамсыраты Хаджумары хæцæнгæрзтæ. Уымæй дарддæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы винтовкæтæ, автоматтæ æмæ пулемет Максим. Фенæн дзы ис немыцаг фашистты хæцæнгарзы хуызтæ, стæй Японийы æмæ Китайы æхсаргардтæ. Ацы трофейтæ нæ республикæмæ æрбахаудысты Маньчжурийы операцийы рæстæг. Алы хуызты экспозицимæ бантыст Европæйаг æрцытæ æмæ æхсаргардтæ бахæссын. Равдыст стыр ахъаз у нæ бæстæйы æмæ нæ республикæйы истори хуыздæр базонынæн. Уæвгæ, бирæ хуыздæр уаид, хæцæнгарзы хуызтæ æппæт дунейы дæр, æнæ хæсты архайгæйæ, æрмæстдæр музейты фенæн куы уаид, уæд.
Фидараты Маринæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania