филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:56 понедельник, 13 мая 2024
06 марта 2013, 16:43
Ивгъуыд суткæмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспектортæ бахыгътой дыууæ егъау фæндаггон фыдбылызы

Изæры 7 сахатмæ `ввахс федералон трассæ «Кавказ»-ыл Змейкæйы цур шофыр скъуырдта 68-аздзыд бынæттон цæрæджы.

Ивгъуыд суткæмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспектортæ бахыгътой дыууæ егъау фæндаггон фыдбылызы.

Изæры 7 сахатмæ `ввахс федералон трассæ «Кавказ»-ыл Змейкæйы цур шофыр скъуырдта 68-аздзыд бынæттон цæрæджы. Уый асхъиудта фæндаджы иннæ фарсмæ, уым дæр та йæ скъуырдта машинæ, æмæ фæмард и. Фыдбылыз æрцыд Дзæуджыхъæуæй Уæллаг Ларсмæ фæндагыл дæр. Кæрæдзийы скъуырдтой дыууæ машинæйы æмæ дзы хъыгдард баййæфта 6-аздзыд сывæллон. Автоинспекцийы кусджытæ шофыртæй æмæ фистæгæйцæуджытæй курæг сты, цæмæй æвзæр боныхъæды рæстæг уой уæлдай къæрцхъусдæр æмæ ма халой фæндаггон æгъдæуттæ. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрмæст февралы республикæйы æрцыд 55 фæндаггон фыдбылызы, 14 адæймаджы дзы фæмард, 63-йæ та хъыгдард баййæфтой. Фондз цауы дзы æрцыд нозтджын шофырты аххосæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania