27 января 2016, 18:30
Ивгъуыд суткæмæ гриппæй æмæ ОРВИйы рынчынты нымæц фæкъаддæр дыууæ сæдæ адæймаджы
Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæй. Медицинон куыстуæттæм æххуысагур æрбацыд æхсæз сæдæ æстай цыппар адæймаджы.
Ивгъуыд суткæмæ гриппæй æмæ ОРВИйы рынчынты нымæц фæкъаддæр дыууæ сæдæ адæймаджы. Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæй. Медицинон куыстуæттæм æххуысагур æрбацыд æхсæз сæдæ æстай цыппар адæймаджы. Сæ фылдæр сты сывæллæттæ. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр карзыл банымайæн нæй. Ныртæккæ ма рынчындæтты пневмониимæ ис сæдæ æвдай аст адæймаджы, грипп æмæ ОРВИйæ рынчнытæ та сты сæдæ цыппор цыппарæй. Реанимацийы баззад 5 адæймаджы. Дыууæйæ дзы улæфынц аппаратты фæрцы.

темæмæ гæсгæ