22 июня 2020, 15:30
Ивгъуыд суткæйы дæргъы Цæгат Ирыстоны коронавирус раиртæстой дыууын аст адæймагмæ
Афтæмæй тæссаг инфекци кæмæ рабæрæг, уыдоны иумæйаг нымæц ссис æртæ мины астсæдæ дыууын æхсæз
Ивгъуыд суткæйы дæргъы Цæгат Ирыстоны коронавирус раиртæстой дыууын аст адæймагмæ. Афтæмæй тæссаг инфекци кæмæ рабæрæг, уыдоны иумæйаг нымæц ссис æртæ мины астсæдæ дыууын æхсæз – хъусын кæны Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управлени. Дыууын адæймаджы сты республикæйы рынчындæтты, æртæсæдæ æхсай аст та дзæбæх кæнынц амбулаторон уагæй.
Ведомствойы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, коронавирусæй нæ республикæйы сдзæбæх сты æртæ мины æртæсæдæ фæндзай цыппар адæймаджы. Дохырты цæстдард ис фондзсæдæ æвдай æхсæзмæ. Уæ хорзæхæй, æххæст кæнут профилактикæйы домæнтæ æмæ хъахъхъæнут уæхи æмæ уæ хиуæтты дæр.
темæмæ гæсгæ