филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:48 суббота, 31 января 2026
10 января 2026, 12:13
Ивгъуыд суткæйы республикæйы уыд тыхджын дымгæ

Цалдæр районы цæрджытæн æрхаста къуылымпыдзинæдтæ

Ивгъуыд суткæйы республикæйы уыд тыхджын дымгæ. Цалдæр районы цæрджытæн æрхаста къуылымпыдзинæдтæ. Цæрæнуæтты-коммуналон секторы æппæт службæтæ куыстой карздæр фæткмæ гæсгæ. Уаццæгтæм рацыдысты 20 аварион бригады. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Горæтгæрон район. Карцайы хъыгдард баййæфтой электрон тыхы телтæ. Уыдон кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый аххосæй 6 уынджы цæрджытæ – 70-80 хæдзары онг баззадысты æнæ электрон рухсæй. Сæрмагонд бригадæтæ райсомæй раджы бавнæлдтой дымгæйы фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ. Сихормæ куыстыты фылдæр хай конд æрцыд. Электрон тых цасдæр рæстæг нæ уыд Заводскойы поселочы дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады хъæппæрисæй тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ иуварс кодтой æвæситатæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania