Дзæуджыхъæуы намысы аллейæйы æрымысыдысты Мæрзойты Станиславы рухс ном. Станислав у Ирыстоны сахъгуырд фырттæй иу, æцæг хъæбатыр. Йе фсæддон фæндаг æнцон нæ уыд. Хæцыд Афганистаны
Дзæуджыхъæуы намысы аллейæйы
æрымысыдысты Мæрзойты Станиславы рухс ном. Станислав у Ирыстоны
сахъгуырд фырттæй иу, æцæг хъæбатыр. Йе фсæддон фæндаг æнцон нæ уыд.
Хæцыд Афганистаны, Фæскавказы, Цæцæны хæстыты, архайдта 1992-æм азы
цауты дæр.
Мæрзойты Станислав йе фсæддон кад æмæ
намыс дæлæмæ не руагъта. Йæ хъæппæрисæй Сыбираг флоты байгом дæлдон нау
«Владикавказ», архайдта, цæмæй не æрыгон мзæххонтæ се фсæдон хæс æххæст
кодтаиккой æфсады хуыздæр рæнхъыты. Фæстагмæ уыд 58-æм æфсады
командыгæнæджы хæдивæг. Ирыстоны кад æмæ намыс хаста сæрбæрзондæй.
Сеппæты дæр уырныдта булкъон Мæрзойты Станислав цыбыр рæстæгмæ кæй
райсдзæн иналары цин фæлæ йæ фæндаг, йе стыр фæндтимæ æрдæгыл аскъуыд,
уыимæ та асаст йæ хæстæджыты, йæ мбæлтты ныфс. Абон Дзæуджыхъæуы 50-æм
скъола хæссы йæ ном. Ам лæгдзинаджы уроктæ дæттынц, Мæрзойты Станиславы
дæнцæгæн хæсгæйæ. 10 азы размæ 3-æм ноябры йæ æфсæддон хæс æххстгæнгæйæ
цы вертолеты бадт, уый Ханкалайы сæрмæ æрцыд æхст. Мæрзойты Станислав
фыццаг раппæрста салдаты, уый фæста та дзы йæхæдæг рагæпп кодта, фæлæ
æрдæгпырх хæдтæхæг тахт æгæр бæрзонд.




