17 марта 2014, 11:15
Йæ 10 азы юбилей сбæрæг кодта санаторий «Ирыстон»
Ивгъуыд къуырийы кæрон сæм æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæнуæтты дохтыртæ, Беслæны мадæлты комитеты уæнгтæ æмæ санаторийы пациенттæ.
Ивгъуыд къуырийы кæрон сæм æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады кусæнуæтты дохтыртæ, Беслæны мадæлты комитеты уæнгтæ æмæ санаторийы пациенттæ. Республикæйы хицауады номæй юбиляртæн раарфæ кодта Таболты Сергей. Арфæйы гæххæттытæ æмæ лæвæрттæ райстой бирæ кусæнуæтты разамонджыты номæй. 10 азмæ санаторийы баулæфыд æмæ йе `нæниздзинад фæфидардæр кодта 10 мин адæймагæй фылдæр. Зæрдæйы, астæуыстæджы æмæ æндæр низтæй дзæбæх кæнынц санатори «Ирыстон»-ы дохтыртæ. Коллектив архайы, цæмæй сæ алы адæймаг дæр зæрдæрайгæйæ ацæуа. Йæ зæрдæ кæмæн барухс кодтой, уыдонæй иу у Базраты Фатимæ.
Базраты Фатимæ: «10 азмæ афтæ кæм скодта, уым ма фæстæдæр цы скæндзæнис. Людмила Харитоны чызг æмæ Элеонора Барисы чызг, сæ æмкуысджытимæ сты æмзонд. Процедурæтæ куы фæкæнынц, уæддæр цыфæнды риссаг укол дæр нæ фæриссдзæн, хуыддзæнис дæм æмæ æрбайрох уыдзæн дæ рыст. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй ма бирæ азты адæмы æнæнизæй дзæбæх кæной».
темæмæ гæсгæ




