филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:53 суббота, 21 сентября 2024
08 ноября 2012, 09:38
Йæ æнусы æрдæджы юбилей кадджын уавæры сбæрæг кодта Мæздæджы сывæллæтты аивадон скъола

Йæ æнусы æрдæджы юбилей кадджын уавæры сбæрæг кодта Мæздæджы сывæллæтты аивадон скъола. Æвзонг нывгæнджытæ, сæ ахуыргæнджытæ разамонджытæ æмæ йæ хъысмæт нывкæнынадимæ чи сбаста

Йæ æнусы æрдæджы юбилей кадджын уавæры
сбæрæг кодта Мæздæджы сывæллæтты аивадон скъола. Æвзонг нывгæнджытæ, сæ
ахуыргæнджытæ разамонджытæ æмæ йæ хъысмæт

нывкæнынадимæ чи сбаста, уыдон æрæмбырд сты æмæ дзырдтой ахуыргæнæндоны
историйы æмæ йе сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Аивадон скъолайы ахуыргæнджытæ Светлана
Вдовиченко, Катерина Лапкова, Инна Поткина æмæ Юрий Побережный сæ бирæ
азты æнæзæрдæхудт фæллойы, рæзгæ фæлтæрæн сæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй
кæй дæттынц æмæ сын сæ хъомыладыл кæй архайынц, уый тыххæй хорзæхгонд
æрцыдысты Цæгат Ирыстоны культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министрады
кады гæххæттытæй.

Районы администрацийы сæргълæууæджы
хæдивæг скъолайы хъомылгæнинæгтæн балæвар кодта ноутбук. Юбилейы фæдыл
арфæйы ныхæстæ загътой, скъолайы алы азты хъомылгæнинæгтæ, стæй хуымæтæг
аивадуарзджытæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania