11 декабря 2013, 17:22
Йæ æстай аст азы сбæрæг кодта Намысы Ордены æппæт къæпхæнты æххæст кавалер Виктор Коняев
Æвддæсаздзыд салдатæй ацыд фронтмæ. Мин фараст сæдæ цыппор дыккæгæм азы декабры сси полчъы сгарæг. Донбасс суæгъд кæныны тохы архайды тыххæй райста йæ фыццаг æфсæддон хæрзиуæг – Сырх стъалыйы орден.
Æвддæсаздзыд салдатæй ацыд фронтмæ. Мин фараст сæдæ цыппор дыккæгæм азы декабры сси полчъы сгарæг. Донбасс суæгъд кæныны тохы архайды тыххæй райста йæ фыццаг æфсæддон хæрзиуæг – Сырх стъалыйы орден. Цыппор цыппæрæм азы апрелы та йын радтой æртыккаг къæпхæны Намысы орден. Фæстæдæр йæ хъæбатырдзинады тыххæй уыдысты: Фыдыбæстæйы стыр хæсты дыккæгæм къæпхæны, Сырх стъалыйы æмæ Намысы дыккаг къæпхæны ордентæ. Виктор Коняев архайдта Сырх фæзы юбилейон парадты. Хæсты фæстæ ма йæ хæрзиуджытæм бафтыдта Хæлардзинады орден æмæ майдантæ. Ныртæккæ Виктор у Дзæуджыхъæуы кадджын цæрæг. Йæ гуырæнбоны фæдыл ын раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы æфсæддон комиссар Тагир Гаджиев, организаци «Хæстон æфсымæрады» минæвæрттæ, хæххон-металлургон институты студенттæ. Сауджын Остъаты Тимофей та ветеранæн балæвар кодта Сыгъдæг Пантелеймоны дзуарыныв.
темæмæ гæсгæ




