филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:49 воскресенье, 19 мая 2024
17 апреля 2014, 16:57
Йæ 60 азы юбилей сбæрæг кодта ацы бонты Ужегаты Тамерлан – националон музыкалон инструменттæ аразыны дæсны

Ацы ахсджиаг куыст райдыдта 30 азы размæ, ныридæгæн йæ къухтæй рацыд 500 фæндырæй фылдæр. 1990-м азы сарæзта чысыл куыстуат «Фæндыр», ныртæккæ дзы кусы 15 адæймаджы.

Йæ 60 азы юбилей сбæрæг кодта ацы бонты Ужегаты Тамерлан – националон музыкалон инструменттæ аразыны дæсны
Ацы ахсджиаг куыст райдыдта 30 азы размæ, ныридæгæн йæ къухтæй рацыд 500 фæндырæй фылдæр. 1990-м азы сарæзта чысыл куыстуат «Фæндыр», ныртæккæ дзы кусы 15 адæймаджы. Ам кæнынц националон инструментты бирæ хуызтæ, уыимæ ма æрæджы рохуаты чи уыд, уыдон дæр. Тамерлан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыст равзæрста йæ фыд Ужегаты Солтанбеджы ныстуанмæ гæсгæ, уый та фæндыд, цæмæй ирон националон инструменттæ ма фесæфой. Йæ фыды фæдзæхст æххæст кæнгæйæ, Тамерлан ахадгæ æвæрæн хæссы, канд ирон культурæйы рæзтмæ нæ, фæлæ ма æппæт Кавказы культурæмæ дæр. Йæ архайдæн йын стыр аргъ скодта республикæйы разамынд. Мамсыраты Таймураз ын саккаг кодта сæйраг хæрзиуæг – майдан «Ирыстоны сæраппонд». Кадджын уавæры йын æй радта Хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм куыстуат Кавказы у иунæг æмæ уый тыххæй йæ ахадындзинад у егъау. Куыстуаты продукци агурынц сыхаг республикæты, стæй Уæрæсейы æмæ фæсарæнты æппæт ирон диаспорæтæ. Иу фæндыр скæнынæн æппын къаддæр хъæуы 2 мæйы. Ужегаты Тамерланмæ бæлвырд фæндтæ ис куыстады райрæзтæн.

Ужегаты Тамерлан, куыстуат «Фæндыр»-ы разамонæг: «Далафæндыр, хъисын фæндыр – чи сæ зоны æмæ сыл чи цæгъды, уыдон сæ дзуапп загътой, «хорз сты», зæгъгæ. Алы фæндыр дæр цалынмæ хорз не скæнай, йæ хъæлæстæ йын нæ бамбарай, уæдмæ йæ кæнын хъæуы. Фæлæ ма дзы бирæ хъуыддæгтæ ис. Фæндыр кæнгæ у йæ хъæлæстæй, æмæ сæ цалынмæ нæхæдæг нæ райдайæм кæнын, уæдмæ дзы уыйбæрц тых нæ уыдзæн. Абон хъуыды кæнæм: чи сæ кæна, уыцы лæппуты сахуыр кæнын хъæуы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania