филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:50 суббота, 21 сентября 2024
08 октября 2012, 10:31
Йæ 90 азы юбилей сбæрæг кодта Фарныхъæу

Знон йæ 90 азы юбилей сбæрæг кодта Фарныхъæу. Бæрæгбон рауад зæрдæмæдзæугæ æмæ хъæлдзæг. Æрбахуыдтой йæм сыхаг хъæуты минæвæртты, республикæйы æмæ районы номдзыд адæмы. Зындгонд артистты.

Знон йæ 90 азы юбилей сбæрæг кодта Фарныхъæу. Бæрæгбон рауад зæрдæмæдзæугæ æмæ хъæлдзæг. Æрбахуыдтой йæм сыхаг хъæуты минæвæртты, республикæйы æмæ районы номдзыд адæмы. Зындгонд артистты.

Кокуаты Аннæ у Фарны хъæуæй чысыл
хистæр. Тагъд сбæрæг кæндзæн йæ 92 азы. «Гуыргæ Хохы Дæргъæвсы ракодтон,
фæлæ мæхи Фарныхъæуыккаг хонын», зæгъы ацæргæ сылгоймаг. Абон Аннæйы
дæр куыд бирæ номдзыд хъæуыккæгты схорзæджын кодтой юбилейон майданæй.

Кокуаты Аннæ: «Лæгты дзуары уазæг уæнт фæсивæд, нæ кæстæртæ, нæ Ирыстон. Хорз арфæ тæ сын ракæнæнт».

Фарны хъæуы историйы цыдимæ хорз зонгæ у сæ номдзыд хистæр, хæсты ветеран, булкъон Мамсыраты Ислам дæр. У хъæуы æппæты хистæр.

Мамсыраты Ислам: «Уæд ахæм хорз адæм
уыдысты, диссаджы нæртон адæм. кусынмæ рæвдз. Зæххытæ сын куы радтой,
уæд тынг цыбыр рæстæгмæ алчидæр йæхицæн хæдзар скодта. Фарны хъæуы
колхозæн йæ ном айхъуыстис æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн
паддзахадыл. Алчи дæр æй зоны, 1934-æм азы Фарны хъæумæ æрцыд Калинин
æмæ балæвар кодта 2 бæхы. Иу бæх – Былыхойæн, иннæ та – колхозæн».

Кокуаты Аннæ: «Калинин хæдтæхæгæй куы
рахызт, уæд йыл мæ фыд йæ худ æркодта. Ацы быдыры æрбадт хæдтæхæг æмæ
куыд цин кодтой уый хъуыды кæнын».

Гæлуаты Зауырбег, бынæттон
администрацийы сæргълæууæг: «Ам фæллойгæнæг адæм цардысты, тухи кодтой.
Дæргъæвсы комæй ралидзæг сты. Калинины фæстæ нæ хъæуæй Цорæты Былыхо сси
министр. Абон дæр нæм ис бирæ номдзыд адæм. Нæ сæр бæрзæндты хæссæм
Базраты Валентинæй».

Хъæуы фæрнджын райрæзтмæ стыр æвæрæн
бахастой хъæуыккæгтæ, хъазуатон фæллой кодтой колходзы куысгæйæ, иумæ
арæзтой рухс фидæн, кæстæртæн хорз зонд амонгæйæ. Фарны хъæуы схъомыл
бирæ курдиатджын æмæ фæзминаг адæм. Абон кусынц алы къабæзты, архайынц
политикæйы, ахуырады, хъæууон хæдзарады, промышленносты, аивады, хорз
бæрæггæнæнтæ æвдисынц спорты.

Æлбегаты Зауырбег, Дунейы чемпион кикбоксингæй: «Ирон адæммæ кадджын у цы хъæубæстæй дæ. Æмæ Фарн хæссын мæ Фарны хъæуимæ».

Дунейы 2 хатты, Европæйы 3 хатты чемпион
кикбоксингæй. Бынæттон клубы хъомылгæнинæгтæ алы конкурстæй сыздæхынц
уæлахиздзаутæй. Сæ курдиат равдыстой хъæуы юбилейы дæр. адæмы зæрдæмæ
фæндаг ссардтой нæ республикæйы артисттæ, бæхты спортивон скъолайы
хъомылгæнинæгтæ, театр «Нарт»-ы артисттæ. Клуынтæ æмæ æндæр хиирхæфсæн
мадзæлттæй барухс сты сабиты зæрдæтæ дæр.

Бæрæгбоны кæронбæттæн та цъæх арвыл
фæзынд хæдтæхæг æмæ хумæтæджы нæ. Фыццаг тæхæг сылгоймаг Дауыраты Элитæ
дæр у ацы хъæуæй рацæуæг æмæ администрацийы хъæппæрисæй йæ номыл
бæрæгбоны фæзмæ аргæппытæ кодтой паращютисттæ.

Цыдæриддæр хорзæй ис зæххыл
(сабырдзинад, бæркад, амонд, æнæниздзинад) уыдон иумæ иронау хæссынц ном
Фарн. Æмæ уырны 90 азы размæ фыццаг æрлидзджытæ Дзуцаты Асæге æмæ
Гуыбиаты Гыргъохъо хъæуы пълан аразгæйæ кæрæдзийы куы бафарстой, ном та
цы æвæрæм зæгъæг, уæд уыцы рæстæг, сæ цурмæ æрбацыдысты Гуыбиаты Ислам
æмæ Беса. Ислам сын раарфæ кодта: «Фар нам уæд». Афтæмæй хъæуыл ном
æвæрд æрцыд. Уæдæй рацыд 90 азы æмæ фæрнджын хъæу рæзы, рæзы ноггуырдты
нымæц дæр, уæдæ хъæуæн ис фидæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania