филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:39 суббота, 04 мая 2024
16 апреля 2013, 17:32
Йæ цардæй ахицæн нæ раздæры `мкусæг Ботъоты Азæ. Цæгат Ирыстоны телестудимæ кусынмæ æрбацыд 1961-æм азы

15 азæй фылдæр æнæзæрдæхудт фæллой фæкодта йæ уарзон куысты бынаты. Йе `мкусджытæ æмæ хæлæрттæ йæ хъуыды кæнынц цæстуарзон æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймагæй. Ботъоты Азæ бирæ рæстæг цард Швецийы.

Йæ цардæй ахицæн нæ раздæры `мкусæг Ботъоты Азæ. Цæгат Ирыстоны телестудимæ кусынмæ æрбацыд 1961-æм азы. Уыд режиссер æмæ редактор.

15 азæй фылдæр æнæзæрдæхудт фæллой фæкодта йæ уарзон куысты бынаты. Йе `мкусджытæ æмæ хæлæрттæ йæ хъуыды кæнынц цæстуарзон æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймагæй. Ботъоты Азæ бирæ рæстæг цард Швецийы. Фæлæ уым дæр нæ рох кодта йæ райгуырæн Ирыстон, йæ уарзон адæмы. Кодта хæрзаудæн куыст. Ботъоты Азæ ма ирон æвзагмæ ратæлмац кодта библи сывæллæттæн.

Дудиаты Владимир: «Иумæ бирæ азты фæкуыстам, 60-æм, 70-æм, 80-æм азты. Уыдис тынг æнæзæрдæхудт адæймаг. Коллективы иу ахæм адæймаг дæр нæ уыдис, æмæ Азæимæ тызмæгæй чи дзырдта. Уыд тынг рæсугъд, удыхъæдæй рæсугъд адæймаг. Тынг хъыг мын у, ахæм адæймаг йæ цардæй кæй ахицæн, фæлæ йæ рухс ном никуы ферох уыдзæн, чи йæ зыдта æмæ кæимæ куыста, уыдонæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania