филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 понедельник, 15 декабря 2025
19 июня 2014, 11:30
Йæ цардæй ахицæн журналист, газет «Северная Осетия»-йы уацæхæссæг, республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Зураб Тимченко

Хæрзæрæджы йыл сæххæст 40 азы. Газеты редакцимæ æрбацыд, ЦИПУ-йы филологон факультет каст куы фæцис, уæд. Йæхи дзы равдыста дæсны журналистæй. Фыста царды ахсджиаг

73074
Хæрзæрæджы йыл сæххæст 40 азы. Газеты редакцимæ æрбацыд, ЦИПУ-йы филологон факультет каст куы фæцис, уæд. Йæхи дзы равдыста дæсны журналистæй. Фыста царды ахсджиаг фарстатыл, цардæн тæссаг уавæртæ кæм уыд, уым дæр Зураб уыд фыццæгты `хсæн. Æмгуыст кодта тыхы структурæтимæ. Курдиатджын журналисты кусынмæ хуыдтой Уæрæсейы Федерацийы рауагъдадтæ, телеуынынады компанитæ, фæлæ йæ уарзон редакцийыл йæ зæрдæ нæ сивта. Йæ царды фæстаг бонмæ баззаг газет «Северная Осетия»-йы уацхæссæгæй. Тырныдта Ирыстонæн балæггад кæнынмæ, фæлæ æгъатыр низ фæтых йæ бæллиццыл.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania