филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:58 понедельник, 15 декабря 2025
07 августа 2014, 17:36
Йæ цардæй ацыд стыр артист Муса Дудаев

Цæгатирыстойнаг киноуарзджытæн æнæзонгæ нæу. «Тегеран 43», «Белое солнце пустыни», «По следам Карабаира», «Волчья яма», «Мужская работа», «Расстанемся пока хорошие», «Горянка». УФ-йы, Цæцæны æмæ Мæхъæлы республикæты адæмон артист цы киноннывты хъазыд уыдоны архайынмæ бæллыдысты бирæтæ. Йæ бон уыд цыфæнды сурæт саразын.

73648

Цæцæйнаг литературæйы бындурæвæрæджы фырт, Муса Дудаев йæ гыццылæй тырныдта аивадмæ. Æгæрон уарзт та кодта кино æмæ театр. Уыцы уарзондзинадыл йæ зæрдæ нæ сивта йæ царды фæстаг бонтæм дæр.
Цæгат Ирыстонимæ йын уыд рагон æмæ фидар бастдзинæдтæ. 70-æм азты Цæгат Ирыстоны киностудийы цы хæлардзинады бастдзинæдтæ фæзындысты, уыдоныл æнувыд уыд кæддæридтæр. Алыхуызон проектты, фестивальты æмæ программæты Муса Дудаев уыд кадджын уазæг. Лымæн уыд нæ телерадиокомпаниимæ дæр.
Фæстаг азты Муса Дудаев цард Мæскуыйы. Куыста культурæйы æмæ аивæдты институты цæцæйнаг национ студи «Нахи»-йы. Студенттæн амыдта актеры дæсныйады сусæгдзинæдтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania