филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:36 пятница, 03 мая 2024
10 апреля 2013, 17:13
Йæ цардæй ацыд Цæгат Ирыстоны фыццаг президент Галазты Æхсарбег

Республикæйæн разамынд лæвæрдта 1994-æмæй – 98-æм азтæм. Уæд бæстæйæн хуымæтæг рæстæг нæ уыд. Зындзинæдтæ æвзæрста Ирыстон дæр. Хуссар Ирыстоны хæстон цаутæ, ирон-мæхъæлон быцæу.

Йæ цардæй ацыд Цæгат Ирыстоны фыццаг президент Галазты Æхсарбег. Республикæйæн разамынд лæвæрдта 1994-æмæй – 98-æм азтæм. Уæд бæстæйæн хуымæтæг рæстæг нæ уыд. Зындзинæдтæ æвзæрста Ирыстон дæр. Хуссар Ирыстоны хæстон цаутæ, ирон-мæхъæлон быцæу. Сæ хæрзтæй нæ уыд экономикон уавæр дæр, уыимæ та æхсæнады ахастдзинæдтæ. Ахæм уавæрты бакусын, æмæ республикæ йæ къæхтыл слæууын кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Фæлæ Æхсарбег йæ ныфс бахаста, æмæ дзæгъæлы нæ.

Ацы номимæ баст сты Ирыстоны историйы ахъаззагдæр сыфтæ.

Райгуырд Рахизфарсы районы Хуымæллæджы. Мингай сывæллæтты хуызæн Æхсарбæг йæхиуыл банкъардта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау уаргъ. Царды зындзинæдтæ бавзаргæйæ, æрыгон лæппу йæ размæ сæвæрдта, йæ уарзон Ирыстонæн балæггад кæныны хæс. Афтæмæй кусын райдыдта хъæуы скъолайы ахуыргæнæгæй. Сталины дуджы дæр йе вæрæн хаста æхсæнадон цардмæ. Уæдæ Хрущевы æмæ Ельцины разамынды рæстæг та йæхæдæг архайдта, паддзахады цы зынгæ цаутæ цыди, уым. 37 азы хицаудзинады алы къæпхæнты фæллой. Ахуырады министр, республикæйы министрты Советы сæрдары хæдивæг, университеты ректор, Советон Цæдисы коммунистон партийы цæгатирыстойнаг обкомы 1-аг секретарь, Уæлдæр Советы сæрдар, РЦИ-Аланийы фыццаг президент, Уæлдæр Советты депутат, Уæрæсейы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы уæнг.

Галазты Æхсарбег йæ рæстæджы Ирыстоны скодта историон æмæ хъысмæтхæссæг ивддзинæдтæ. Афтæ, 91-æм азы августы хицаудзинады æнæхъæлæджы цауты паддзахадон комитет куы фæзынд, уæд Галазты Æхсарбег республикæйы расидт æнæнхъæлæджы уавæр. Йæ фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцыд æнæхъæлæджы уавæрты республикон комитет. Фæстæдæр, паддзахадон комитеты архайд иуфарсгонд куы æрцыд, уæд Цæгат Ирыстоны уæлдæр Советы ныхас цыд Галазты Æхсарбеджы йæ куыстæй сисыныл, фæлæ уыцы хъуыддаг не `руагътой.

Хуссар Ирыстоны хæстон цаутæ. Æхсарбеджы бардзырдмæ гæсгæ æфсымæрон республикæйæн хъæуы гуманитарон æххуыс бакæнын. Галазты Æхсарбег уыд фыццаг, Хуссар Ирыстонæн, Абхазийæн, æмæ Аджарийæн хæдбардзинады статус раттыны тыххæй чи хъуыды кодта, уыдонæй.
 
92-æм азы фæззæг. Ирон-мæхъæлон быцæу. Цæгат Ирыстоны президент мæхъæлон экстремистты азымджын кæны быцæу райхалынæй. Дзуры, Ирыстон Уæрæсейæ фæхицæн кæныны ныхмæ, кæд æм йæ рæстæджы Хуссар Ирыстонимæ баиу кæныны æмæ ног паддзахад – Алани скæныны хъуыды уыд, уæддæр.
 
Галазты Æхсарбеджы разамынды азты Цæгат Ирыстон нымад æрцыд хъæбæр нозты бæстæйыл. Республикæйы кусын райдыдтой дæсгай спъиртзаводтæ. Бирæ рæстæг ацы къабаз уыди, республикон къазнамæ æхца кæцæй цыди, ахæм сæйраг гуырæн.
 
95-æм 96-æм азтæ. Цæгат Ирыстоны сæрттывта футболон клубы архайд. «Спартак-Алани» сси Уæрæсейы чемпион. Ацы æхсызгон хъуыддагæн дæр стыр æххуыс бакодта Æхсарбег.
 
Бæрнон бынæттæ æмæ политикон куыстæй ацæугæйæ, Галазты Æхсарбег уæддæр архайдта республикæйы æхсæнадон царды. Фыста уацхъуыдтæ, уагъта чингуытæ. Кæдфæндыдæр архайдта йæ адæмы цæрайæ цæрыныл.
 
Абон не `хсæн нал ис… Фæлæ, уыд, ис æмæ уыдзæн, стыр хæрзты кæмæн бацыд, уыцы Ирыстоны адæмы зæрдæты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania