филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:00 вторник, 16 декабря 2025
19 июля 2024, 11:36
Йæ 100 азы юбилей сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр æхсты ветеран Беслæны цæрæг Мысыкаты Мария

Йæ юбилейы фæдыл зæрдиаг арфæтæ ракодтой йæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, стæй Рахизфарсы районы администрацийы минæвæрттæ.

Йæ 100 азы юбилей сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр æхсты ветеран Беслæны цæрæг Мысыкаты Мария. Мария 1944-æм азы апрелы райдыдта кусын æфсæддон-эксплуатацион хайады Минводы. Эшелон цыди не фсады фæстæ, æмæ цалцæг кодта пырх хидтæ, æфсæнвæндæгтæ. Уыцы-иу рæстæг æххуыс кодтой цæф салдæттæн. Мария уыд хæстон медицинон хо, йæхæдæг-иу цæфты хаста тохы быдырæй, æмæ афтæмæй æвдыста æцæг хъæбатырдзинад. Фыдыбæстæйы Стыр хæст æй баиу кодтой йæ царды æмбалимæ Мысыкаты Абдурахманимæ. Хæсты фæстæ иумæ ссыдысты Ирыстонмæ, схъомыл кодтой 3 сывæллоны. Мысыкаты Марияйæн йæ юбилейы фæдыл зæрдиаг арфæтæ ракодтой йæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, стæй Рахизфарсы районы администрацийы минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania